Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Исайа 38:19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

19 Ӕрмӕстдӕр ӕгас чи у, уый Дын скӕндзӕни кад мӕнӕ мӕнау абон. Фыд дзурдзӕн йӕ цотӕн, цӕмӕй Дыл фӕдзӕхсой сӕхи.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Исайа 38:19
17 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Авраамы Ӕз уый тыххӕй равзӕрстон, цӕмӕй йӕ фырттӕн ӕмӕ йӕ байзӕддагӕн ныффӕдзӕхса Дунедарӕджы фӕндагыл цӕуын, раст хъуыддӕгтӕ кӕнын. Ӕмӕ уӕд Дунедарӕг сӕххӕст кӕндзӕн, Авраамӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыдӕттӕ».


Дунедарӕг, Дӕ хорзӕх мӕ уӕд, ӕмӕ цӕргӕбонты ӕххӕст кӕндзынӕн Дӕ ныхас.


Уый йӕ уд сисы ӕмӕ сыджытыл бафты, уыцы бон йемӕ ӕрбайсӕфынц йе ’ппӕт фӕндтӕ.


Дунедарӕг аразы Йерусалим, ӕмбырд кӕны Израилы тард адӕмы.


Цӕмӕй дзурат уӕ фырттӕ ӕмӕ уыдоны фырттӕн, Ӕз Мысырӕн цытӕ бакодтон, цы диссӕгтӕ дзы равдыстон, уый. Цӕмӕй зонат, Дунедарӕг Чи у, уый».


Дӕ бон цыдӕриддӕр у, уый кӕн, уымӕн ӕмӕ мӕрдтыбӕстӕм куы ацӕуай, уӕд дын уым кусын, хъуыды кӕнын ӕмӕ куырыхон уӕвынӕн фадат нӕ уыдзӕн.


Цы фехъусат, уыдӕттӕ-иу радзурут уӕ цотӕн, цот — сӕ зӕнӕджы зӕнӕгӕн, цоты цот та — ног фӕлтӕрӕн.


Цалынмӕ бон у, уӕдмӕ хъуамӕ аразон, Чи Мӕ рарвыста, Уый хъуыддӕгтӕ. Тагъд ралӕудзӕн ӕхсӕв, ӕмӕ уӕд ничиуал ницы сараздзӕн.


Дзурут ӕмӕ сӕ дзурут уӕ цотӕн, фӕлхат сӕ кӕнут хӕдзары дӕр ӕмӕ фӕндагыл дӕр, ӕхсӕв ӕрхуысгӕйӕ дӕр ӕмӕ райсомӕй растгӕйӕ дӕр.


Уыцы бон Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы раз, лӕууыдыстут Хоревы рӕбын, ӕмӕ мын Дунедарӕг загъта: „Адӕмы Мӕм ӕрӕмбырд кӕн, ӕмӕ сын Ӕз Мӕ ныхас фехъусын кӕндзынӕн, цӕмӕй сӕм цӕргӕбонты зӕххыл Мӕнӕй тас уа ӕмӕ сӕ цоты дӕр ууыл ахуыр кӕной“.


Уӕдӕ афтӕ: дӕхимӕ кӕс, ӕмӕ дӕ рох ма уӕд, дӕхи цӕстӕй цы федтай, уыдӕттӕ, цӕмӕй цӕрӕнбонты дӕ зӕрдыл лӕууой ӕмӕ дзурай дӕ цотӕн ӕмӕ дӕ цоты цотӕн.


Дзурут ӕмӕ сӕ дзурут уӕ цотӕн, фӕлхат сӕ кӕнут, хӕдзары бадгӕйӕ ӕмӕ фӕндагыл цӕугӕйӕ, хуыссӕны ӕрхуысгӕйӕ ӕмӕ хуыссӕнӕй растгӕйӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ