18 Мӕрдтыбӕсты Дын ничи скад кӕндзӕн, мард чи у, уый нӕ ныззардзӕн Дӕ кадӕн. Ингӕнмӕ чи ныххиза, уый Дыл нӕ бафӕдзӕхсдзӕн йӕхи.
Давиды псалом. Скад кӕнут Дунедарӕгӕн, Хуыцауы фырттӕ, Дунедарӕджы кад ӕмӕ хъомыс сыстаут!
Знаджы къухтӕм мӕ нӕ радтай, слӕууын мӕ кодтай мӕ къӕхтыл, уынгӕг ранӕй мӕ ракодтай.
Раздах мӕм Де ’ргом, Дунедарӕг, бахиз мӕ мӕлӕтӕй! Дӕ хорзӕх мӕ кӕй ис, уый фӕрцы мӕ фервӕзын кӕн!
Чи амӕла, уый Дӕ нал ӕрымысдзӕн. Мӕрдтыбӕсты Дӕ чи сыстаудзӕн?
Ӕнӕхуыцӕутты сӕ фыдбылызтӕ фесафынц, рӕстудӕн та йӕ мӕлӕты дӕр ис зӕрдӕдарӕн.
Дӕ бон цыдӕриддӕр у, уый кӕн, уымӕн ӕмӕ мӕрдтыбӕстӕм куы ацӕуай, уӕд дын уым кусын, хъуыды кӕнын ӕмӕ куырыхон уӕвынӕн фадат нӕ уыдзӕн.
Цыдӕриддӕр сӕм уыди, уыдонимӕ цӕрдудӕй мӕрдтыбӕсты хай баисты. Зӕхх фӕстӕмӕ йӕ раздӕры хуыз райста, уыдонӕн та адӕмы ’хсӕн сӕ кой дӕр нал фӕзынди.
Ӕмӕ уыдон ацӕудзысты ӕнусмӕ хъизӕмар кӕнынмӕ, рӕстудтӕ та — ӕнусон цардмӕ».
Паддзахад нысангонд кӕмӕн уыд, уыдон та ӕппӕрст ӕрцӕудзысты ӕддӕмӕ, талынгмӕ; ӕмӕ уырдыгӕй хъуысдзӕни сӕ кӕуын ӕмӕ сӕ дӕндӕгты хъыс-хъыс».