Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Исайа 38:17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 Мӕ хъизӕмар мын хорзӕрдӕм фӕци. Ингӕны къӕсӕрӕй мӕ раздӕхтай, мӕ тӕригъӕдтӕ мын Дӕ фӕсчъылдыммӕ фехстай дард.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Исайа 38:17
20 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Дзырдтон мӕхицӕн: „Мӕ къонайыл уыдзӕни мӕ мӕлӕт, мӕ царды бонтӕн змисау нымӕц нӕ уыдзӕн:


куы йын батӕригъӕд кӕна ӕмӕ куы зӕгъа, ингӕнмӕ йӕ ма ауадз, ӕз ын ахӕстаргъ ссардтон, зӕгъгӕ,


Мӕнӕ фыдгӕнджытӕ айвӕзтой се ’рдын, фат ӕрбавӕрдтой ӕрдынбосыл — талынджы рӕстзӕрдӕты фехсынӕн.


Донбылтыл цӕрынц уӕларвон мӕргътӕ, сыфтӕрты ’хсӕнӕй хъуысы сӕ зарын.


дӕттӕн сӕ сӕрмӕ ӕрцарӕзтай галуантӕ. Ӕврагъ — Дӕ уӕрдон, дымгӕйы базыртыл тӕхыс.


Дымгӕтау скӕныс Дӕ зӕдты, зынг ӕмӕ артау — Дӕ лӕггадгӕнджыты.


Дӕ хъус мӕм ӕрдар ӕмӕ мӕм ӕххуысмӕ фӕтагъд кӕн. Фест мӕ къӕдзӕх, мӕ хъахъхъӕнӕг мӕсыг, мӕ ирвӕзынгӕнӕг.


Тӕхудиаг у мӕгуырыл аудӕг — бӕллӕхы бон ӕй Дунедарӕг фервӕзын кӕндзӕн.


Фыдбылызӕй мӕ бахиз, уымӕн ӕмӕ Дыл ӕз иузӕрдион дӕн! Фервӕзын кӕн Дӕ лӕггадгӕнӕджы, уымӕн ӕмӕ Ды мӕ Хуыцау дӕ, мӕхи Дӕуыл фӕдзӕхсын!


Ӕндӕр цы загътаин? Йӕхӕдӕг мын сарӕзта, ныфс мын цӕмӕй бавӕрдта, уый. Ӕмӕ ныр ӕнцад ӕрвитдзынӕн мӕ царды бонтӕ, мӕ уды хъизӕмар мысгӕйӕ.


Фӕлӕ уын Ӕз Мӕхи сӕраппонд барын уӕ фыдракӕндтӕ, уӕ тӕригъӕдтӕ уын нӕ бадардзынӕн уӕ цӕстмӕ.


Алчи кӕрӕдзийы ӕмӕ ӕфсымӕр ӕфсымӕры нал ахуыр кӕндзӕн ӕмӕ нал дзурдзӕн, Дунедарӕджы базонут, зӕгъгӕ, — иууылдӕр Мӕ зондзысты, стырӕй, чысылӕй, — зӕгъы Дунедарӕг. — Ӕз сын сӕ фыдракӕндтӕ ныббардзынӕн, сӕ тӕригъӕдтӕ сын нал ӕрымысдзынӕн.


Дӕттӕ ӕртыхстысты мӕ удыл, сӕрсӕфӕны февзӕрдтӕн, денджызы зайӕгойтӕ баныхӕстысты мӕ сӕрыл.


Хӕхтӕн сӕ бындурмӕ ныххӕццӕ дӕн, зӕхх мыл йе ’вдузӕнтӕ сӕхгӕдта мыггагмӕ, фӕлӕ мын Ды, Дунедарӕг, мӕ Хуыцау, мӕ уд ракӕндзынӕ зындонӕй.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ