Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Исайа 38:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Мӕ цӕрӕнуат мын ахӕсдзысты йӕ бынатӕй фыййауы мусонгау. Тынуафӕг йӕ тын куыд батухы, афтӕ батухдзынӕн мӕ цард. Ды мын ӕй алыг кӕндзынӕ, тынуафӕг цӕттӕ тын куыд алыг кӕны, уыйау. Бон ӕмӕ ӕхсӕв ӕнхъӕлмӕ кастӕн, кӕрон мын кӕд скӕндзынӕ, уымӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Исайа 38:12
20 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Дидинӕгау райхӕлы ӕмӕ бахус вӕййы, ӕндӕргау фӕзыны ӕмӕ фӕцыдӕр вӕййы.


Мӕ уд хъизӕмар кӕны, мӕ царды бонтӕ фӕфӕуынц, ингӕн мӕ цӕстытыл уайы.


Сӕумӕрайсомӕй изӕрмӕ — сӕ цард, ӕнустӕм куыд ӕрбатар уыдзысты — зонгӕ дӕр ӕй нӕ бакӕндзынӕ.


Тӕхуды, Хуыцауы мӕ ныцъцъист кӕнын куы бафӕндид ӕмӕ мын мӕлӕтдзаг цӕф куы ныккӕнид!


Арв зӕххӕй цас бӕрзонддӕр у, уыйас ӕгӕрон у Йӕ хорзӕх, Хуыцауы тас кӕмӕ ис, уыдонмӕ.


Левиафанӕн ныппырх кодтай йӕ сӕр, хъӕддаг сырдтӕн ӕй радтай холыйӕн.


Ӕхсӕв дын тас нӕ уыдзӕни фыдмонтӕй, боныгон — тӕхгӕ фатӕй,


Сионы чызг аззад сӕндоны халагъудау, цӕхӕрадоны мусонгау, знӕгтӕ кӕуыл ӕртыхстысты, уыцы сахарау.


Никуыуал дзы ничи ӕрцӕрдзӕн, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ дзы нал уыдзӕн цӕрӕг. Араббаг дзы нӕ айтындздзӕни йӕ цатыр, фыййӕуттӕ дзы сӕ фосимӕ асадӕн не скӕндзысты ривӕдафон.


Мах зонӕм: нӕ зӕххон хӕдзар, ацы халагъуд, куы ныккӕла, уӕд нын уӕлӕрвты ис цӕрӕнуат — адӕймаг нӕ, фӕлӕ Хуыцау кӕй сарӕзта, уыцы мыггагмӕйы хӕдзар.


Мах цалынмӕ ацы халагъуды цӕрӕм, уӕдмӕ хъӕрзӕм. Уый тыххӕй нӕ, ӕмӕ нӕ зӕххон агъудӕй рахизын фӕнды мах; мах бӕллӕм уӕларвон агъуды бацӕуынмӕ, мӕлинаг агъуд цард куыд аныхъуыра, афтӕ.


Стухдзынӕ сӕ ӕмӕ сӕ раивдзынӕ дарӕсау. Ды та ӕнӕивгӕ уыдзынӕ, ӕмӕ Дӕ бонтӕ никуы фӕуыдзысты».


Афтӕмӕй та, райсом цы ӕрцӕудзӕн, уый нӕ зонут. Цы у уӕ цард? Сымах стут донытӕфау, исдуг чи фӕзыны ӕмӕ стӕй чи ӕрбайсӕфы.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ