10 «Мӕхицӕн загътон, мӕ царды тӕккӕ ӕмбисы мӕ мӕрдтыбӕсты къӕсӕрыл бахизын хъӕуы.
Цы ныфсӕй фӕразон, хъару мӕм куынӕуал ис? Цы уыдзӕн мӕ кӕрон? Цы ма у мӕ цард?!
О ме Скӕнӕг, мӕ цард — дымгӕйы иу ӕрбафуттау, хорзӕй ницыуал фендзынӕн.
Дӕ бон цыдӕриддӕр у, уый кӕн, уымӕн ӕмӕ мӕрдтыбӕстӕм куы ацӕуай, уӕд дын уым кусын, хъуыды кӕнын ӕмӕ куырыхон уӕвынӕн фадат нӕ уыдзӕн.
Уыцы бонты Езекиа фӕци мӕлӕтдзаг рынчын. Амоцы фырт, пехуымпар Исайа йӕм ӕрбацыд ӕмӕ загъта: «Дунедарӕг дын фӕдзӕхсы, дӕ хӕдзаронтӕн, дам, ныууадз ныстуан, уымӕн ӕмӕ мӕлӕтдзаг низӕй нал сдзӕбӕх уыдзынӕ».
Езекиа йӕ низӕй куы сдзӕбӕх, уӕд ныффыста ацы куывд:
Дӕттӕ ӕртыхстысты мӕ удыл, сӕрсӕфӕны февзӕрдтӕн, денджызы зайӕгойтӕ баныхӕстысты мӕ сӕрыл.
Афтӕ нӕм касти, цыма нын мӕлӕты тӕрхон рахастӕуыд. Уыцы фыдӕвзарӕны бахаудыстӕм, цӕмӕй нӕ зӕрдӕ нӕхиуыл нӕ, фӕлӕ мӕрдты ӕгасгӕнӕг Хуыцауыл дарӕм.