Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Исайа 37:37 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

37 Ӕмӕ уӕд фӕстӕмӕ аздӕхт Ассирийы паддзах Санхериб ӕмӕ баззади Ниневийы.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Исайа 37:37
15 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Езекиа уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд йӕ дарӕс фӕйнӕрдӕм арӕдывта, йӕ уӕлӕ сӕхъис скодта ӕмӕ Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ ацыди.


Езекиа, Дунедарӕгыл иузӕрдион уӕвгӕйӕ, цы хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдоны фӕстӕ Ассирийы паддзах Санхериб бабырста Иудеймӕ ӕмӕ бырутӕй ӕхгӕд сахартыл ӕрхъула кодта, цӕмӕй сӕ бацахса.


«Ассириӕгтӕн се сӕфт ӕрцӕудзӕни кардӕй, фӕлӕ адӕймаджы кардӕй нӕ; карды амӕттаг фӕуыдзысты, фӕлӕ уый адӕмы кард нӕ уыдзӕн. Лидзӕг фӕуыдзысты кардӕй, сӕ сахъ хӕстонтӕ суыдзысты цагъартӕ.


Фыр тӕссӕй сӕ паддзах дӕр лидзӕг фӕуыдзӕн, йӕ дӕлдӕртӕ — ӕфсады хицӕуттӕ — ӕмризӕджы нырриздзысты иудейаг тырысайы уындӕй!» — зӕгъы Дунедарӕг, Сионы хохыл Йӕ арт Кӕмӕн судзы, Йӕ къона Йерусалимы Кӕмӕн ис, Уый.


Никуыуал фендзыстут уыцы къӕйных адӕмы, нал сын фехъусдзыстут се ’нахуыр, сӕ зынӕмбарӕн ӕвзаг.


Дӕ къӕйных ӕмӕ де схъӕлдзинады кой Мӕ хъустыл кӕй ауад, уый тыххӕй дын дӕ фындзыл цӕг бакӕндзынӕн, дӕ дзыхы — идоны къӕбӕлтӕ ӕмӕ дӕ, кӕуылты ӕрбацыдтӕ, ууылты фӕстӕмӕ аздахдзынӕн“.


Ӕз ын йӕ фӕнд аивын кӕндзынӕн. Ахӕм хабар фехъусдзӕн, ӕмӕ фӕстӕмӕ аздӕхдзӕн йӕ бӕстӕм, ӕмӕ йӕ Ӕз йӕхи зӕххыл карды амӕттаг бакӕндзынӕн».


«Цӕугӕ Ниневимӕ, хъуыстгонд стыр сахармӕ, ӕмӕ уым пехуымпариуӕг кӕн, уымӕн ӕмӕ Мӕм сӕ фыдракӕндты кой сыхъуыст».


Ионӕ байхъуыста Дунедарӕджы ныхасмӕ, срӕвдз кодта йӕхи ӕмӕ араст ис Ниневимӕ. Ниневи уыди стыр сахар, йӕ иу кӕронӕй иннӕмӕ — ӕртӕ боны цыд.


Уӕд ӕз Ниневийӕн — рахиз къух галиуӕй чи нӕ иртасы, ахӕм адӕм ӕхсӕзыссӕдз минӕй фылдӕр, стӕй бирӕ фос кӕм ис, уыцы стыр сахарӕн — куыннӕ батӕригъӕд кӕнон?»


Уыдон Ассири ӕмӕ Нимроды зӕххытӕ кӕрдтӕй басӕтдзысты, ӕмӕ нӕ Уый фервӕзын кӕндзӕн Ассирийӕ.


Рагуац Ниневийы тыххӕй. Елкошаг Наумы чиныг — цӕстылуайӕнты йын цы раргом ис, уый.


Дунедарӕг цӕгатмӕ Йӕ къух сисдзӕн ӕмӕ Ассирийы фесафдзӕн, Ниневийы сахар дурты кӕри, ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕндзӕн.


Ниневиӕгтӕ Тӕрхоны Бон мӕрдтӕй растдзысты ацы фӕлтӕры ныхмӕ ӕмӕ йӕ базылын кӕндзысты, уымӕн ӕмӕ уыдон сӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кодтой Ионӕйы пехуымпар ныхасӕй. Ныр та ам ис, Ионӕйӕ уӕлдӕр Чи у, Уый.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ