Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Исайа 37:33 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

33 Уымӕ гӕсгӕ ма дын Ӕз, Дунедарӕг, ноджыдӕр зӕгъын: Ассирийы паддзах нӕ бафтдзӕни ацы сахармӕ, иу фат дӕр ыл не суадздзӕн, нӕ йӕм бацӕудзӕни кард ӕмӕ уартимӕ, нӕ йын самайдзӕн йӕ алыварс сыджытбыру.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Исайа 37:33
11 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

О, додой! Дзыллӕты уынӕр хъуысы! Денджызы абухынау — сӕ хъӕр. Ӕмбу кӕнынц знӕт фурды уылӕнтау.


Изӕрӕй сыл фыд азар бафтдзӕн, ӕмӕ сӕ райсоммӕ иу дӕр нал баззайдзӕн. Ахӕм хъысмӕт кӕсы не стигъджытӕм, ахӕм амонд — царӕфтыд нӕ чи кодта, уыдонмӕ.


Уӕ цӕст ахӕссут Сионыл, нӕ бӕрӕгбӕтты сахарыл, ӕмӕ фендзыстут Йерусалим, йӕ фӕрнджын бынат, йе ’нӕфенкъуысгӕ Уаз цатыр. Уымӕн йӕ цӕджындзтӕ никуы ӕрцӕудзысты къахт, никуы атондзӕн йӕ бӕндӕнтӕй иу дӕр.


Сыджытбырутӕ бахӕццӕ сты сахармӕ, бацахсдзысты йӕ. Халдейӕгтӕ сахарыл ӕрхъула кодтой, ӕмӕ сӕ къухмӕ бахаудзӕн, кард, стонг ӕмӕ рынӕй йӕ басӕтдзысты. Рагацау цы загътай, уый сӕххӕст ис, ӕмӕ ныр Дӕхӕдӕг уый уыныс.


Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: «Бӕлӕстӕ акалут ӕмӕ Йерусалимы ныхмӕ хӕцынӕн саразут бырутӕ. Ацы сахар баййафдзӕн ӕфхӕрд, уымӕн ӕмӕ байдзаг ис ӕфхӕрдӕй.


Йӕ рахиз къухӕй Йерусалимы хал сисдзӕн. Йерусалимы раз ӕрӕвӕрдзӕн йӕ сисфӕлдахӕн гӕрзтӕ. Тохы хъӕр ныккӕндзӕн ӕмӕ сисфӕлдахӕн гӕрзтӕ байсдзӕн кулдуары цурмӕ, йӕ батонынмӕ. Сахары ныхмӕ самайдзӕн сыджытбыру ӕмӕ хӕцӕн мӕсыг сараздзӕн.


Акалут ӕрмӕстдӕр, йӕ дыргъ хӕрынӕн кӕмӕн нӕ бӕззы, уыцы бӕлӕстӕ ӕмӕ сӕ спайда кӕнут сахары ныхмӕ, цалынмӕ басӕтта, уӕдмӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ