25 Ме знаджы зӕххыл дам-иу мӕхицӕн скъахтон цъайтӕ мӕ дойны сӕттынӕн. Мысырӕн, дам, йӕ цӕугӕдӕттӕ та байсысын кӕндзынӕн мӕ къӕхты бын.
Уӕд та Бен-Хадад ногӕй ӕрбарвыста Ахавмӕ, цӕмӕй йын зӕгъой: «Афтӕтӕ ӕмӕ уфтӕтӕ, стӕй мын ноджы фыддӕртӕ фӕуӕнт хуыцӕуттӕ, мӕ фӕдыл цы адӕм рацыд, уыдонмӕ Самарийы пырхӕнтӕй фӕйнӕ армыдзаджы куы ӕрхауа, уӕд».
Уымӕн ӕмӕ уый зӕгъы: «Мӕ хъомыс ӕмӕ мӕ зонды фӕрцы ӕз сарӕзтон ацы хъуыддӕгтӕ — ахӕм куырыхон дӕн, гъе! Бӕстӕтӕн фехалын сӕ арӕнтӕ, сӕ хӕзнадӕттӕ сын ныггаффутт кӕнын, сӕ паддзӕхты сын галау ныццӕвын ӕмӕ сӕ паддзахы бадӕнтӕй расхойын.
Адӕмтӕн ратӕлӕт кодтон сӕ исбон, мӕргъты ахстӕттӕ сафтидгӕнӕгау; уагъд ӕйчытау ӕз ӕппӕт зӕххытӕ байстон, ӕмӕ мыл ничи йӕ базыр сцагъта, ничи йӕ дзых фӕхӕлиу кодта, ничи мыл цъиу-цъиу скодта».
Денджызы дон стӕнӕг уыдзӕни, цӕугӕдӕттӕ байсысдзысты, бахуыскъ уыдзысты.
Дӕтты дон смаг кӕндзӕн, Мысыры цӕугӕдӕттӕ стӕнӕг уыдзысты, байсысдзысты; цъӕнут ӕмӕ хъӕз сау адардзысты.
Паддзахы дзагдар загъта: «Афтӕ ’нхъӕл дӕ, ӕмӕ мӕ ме ’лдар ӕрмӕст де ’лдармӕ ӕмӕ дӕумӕ рарвыста? Уалӕ сисыл чи бады, уыцы адӕммӕ дӕр мӕ рарвыста, уымӕн ӕмӕ рӕхджы иумӕ хӕрдзыстут уӕ фаджыс ӕмӕ нуаздзыстут уӕ доныхуыпп».
Уымӕн ӕмӕ, уӕхи бакӕнынмӕ цы бӕстӕм цӕут, уый, кӕцӕй рацыдыстут, уыцы Мысыры хуызӕн нӕу. Уым-иу мыггаг байтыдтат зӕххы ӕмӕ-иу, ууыл цӕхӕрадонау дон кӕнгӕйӕ, уӕ къӕхтӕ ахаудтой.