Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Исайа 37:21 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

21 Амоцы фырт Исайа арвыста Езекиамӕ, цӕмӕй йын рафӕзмой Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы, ныхӕстӕ: «Ды Мӕм ӕххуысагур скуывтай Ассирийы паддзах Санхерибы ныхмӕ,

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Исайа 37:21
12 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Давидмӕ фӕхабар чындӕуыд: «Ахитофел дӕр Авессаломимӕ ис, сусӕгвӕндгӕнджыты къорды». Давид загъта: «О Дунедарӕг! Ахитофелы уынаффӕ фехал».


Ахитофел куы федта, йӕ уынаффӕйыл ын нӕ баввӕрсыдысты, уый, уӕд хӕрӕгыл саргъ сӕвӕрдта ӕмӕ сӕхимӕ, йӕ райгуырӕн сахармӕ, фӕраст ис. Йӕ хӕдзаронтӕн ныстуан ныууагъта ӕмӕ йӕхи ӕрцауыгъта. Йӕ мард ын йӕ фыдӕлты зӕппадзы бавӕрдтой.


Езекиайы паддзахиуӕджы цыппӕрдӕсӕм аз Ассирийы паддзах Санхериб ӕрбабырста Иудейы фидар сахартӕм ӕмӕ сӕ бацахста.


Скувдзынӕ Йӕм, ӕмӕ дын дӕ куывд фехъусдзӕн, ды та дӕ сомы нӕ фӕсайдзынӕ.


зӕры бонты дӕр дыргъджын, донджын ӕмӕ райдзастхуыз уыдзысты,


Йӕ галуаны бӕрнылӕг Елиакимы, нымӕрдар Шевнайы ӕмӕ хистӕр сауджынты, сӕ уӕлӕ сӕхъистӕ, афтӕмӕй арвыста Амоцы фыртмӕ, пехуымпар Исайамӕ.


Уӕд-иу Мӕм скувут, ӕмӕ уын уӕ куывд айсдзынӕн. Ӕххуысагур Мӕм куы сдзыназат, уӕд уын дзуапп ратдзынӕн, Ӕз мӕнӕ дӕн, зӕгъгӕ. Хынджылӕггаг куы никӕйуал кӕнат, хахуыртӕ куынӕуал хӕссат,


Ӕз-иу сӕ фехъусдзынӕн, нӕма-иу Мӕм скувдзысты, афтӕ. Сӕ курдиат-иу нӕма зӕгъдзысты, афтӕ-иу сын ӕй сӕххӕст кӕндзынӕн.


Куы скуывтой, уӕд, кӕм уыдысты, уыцы бынат нынкъуысти, се ’ппӕтыл дӕр Сыгъдӕг Уд ӕртыхсти, ӕмӕ ӕдӕрсгӕ хъусын кодтой Хуыцауы ныхас.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ