20 Ды нӕ, Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, фервӕзын кӕн Ассирийы паддзахӕй. Уадз ӕмӕ ӕппӕт зӕххон паддзахӕдтӕ дӕр базоной, Ды, Дунедарӕг, иунӕг Хуыцау кӕй дӕ, уый».
уӕд-иу ӕй фехъус уӕларвӕй, Дӕ цӕрӕнбынатӕй, ӕмӕ-иу ын сӕххӕст кӕн, цӕй тыххӕй Дӕм скува, уый, цӕмӕй Дын ӕппӕт адӕмтӕ базоной Дӕ ном, аргъуыц Дын кӕной, Дӕ адӕмау, Израилау, цӕмӕй базоной, кӕй Дын сарӕзтон, уыцы Кувӕндон Дӕ ном кӕй хӕссы, уый.
Абон цы скуывтон ӕмӕ Дунедарӕгӕй цы ракуырдтон, уый та Дунедарӕг Хуыцауӕй ӕхсӕвӕй-бонӕй рох ма уӕд. Ӕрвылбон алы хъуыддаджы дӕр ахъаз кӕнӕд Йӕ цагъарӕн дӕр ӕмӕ Йӕ адӕм Израилӕн дӕр.
Уӕд ӕппӕт адӕмтӕ дӕр базондзысты, Дунедарӕг, ӕмбал кӕмӕн нӕй, уыцы иунӕг Хуыцау кӕй у, уый.
Адӕмты фӕтӕгтӕ ӕрбамбырд уыдзысты Авраамы Хуыцаумӕ, уымӕн ӕмӕ зӕххы барджынтӕ Хуыцауы сты; бӕрзонд у Уымӕн Йӕ кад.
Тыхст заманы нын баххуыс кӕн, — адӕймагыл зӕрдӕ дарӕн нӕй.
Уыцы бон дзурдзысты: «Уый нӕ Хуыцау у! Нӕ зӕрдӕ Йыл дардтам, ӕмӕ нӕ фервӕзын кодта! Уый Дунедарӕг у, Ууыл дардтам нӕ зӕрдӕ! Уӕдӕ цин кӕнӕм, цины зарӕг сисӕм, уымӕн ӕмӕ фервӕзтыстӕм!»
Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг нӕ Тӕрхонгӕнӕг у, нӕ Уагӕвӕрӕг, нӕ Паддзах! Фыдгулӕй нӕ бахиздзӕн.
Ныфссаст чи у, дзурут сын: фидар лӕуут, мацӕмӕй тӕрсут, уӕ Хуыцау ӕрцӕуы, фыдгултӕй райсдзӕн уӕ маст, ӕрцӕуы — сӕрибар уын ратдзӕн.
«Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, херувимтыл Ӕнцайӕг! Ды дӕ дунейы ӕппӕт паддзахӕдты иунӕг Хуыцау. Ды сфӕлдыстай арв ӕмӕ зӕхх.
Ӕз Дунедарӕг дӕн. Уый Мӕ ном у, ӕмӕ Мӕ кад никӕмӕн ратдзынӕн, Мӕ намыс гуымирытӕн нӕ балӕвар кӕндзынӕн.
Ӕз Дунедарӕг дӕн, Мӕн йеддӕмӕ Хуыцау нӕй. Ӕмӕ дын Ӕз радтон паддзахы бартӕ, кӕд Мӕ нӕ зыдтай, уӕддӕр.
Ӕз ногӕй скадджын кӕндзынӕн, ӕцӕгӕлон адӕмты раз Мын кӕй фегад кодтат, Мӕ уыцы стыр ном. Ӕцӕгӕлон адӕмты раз уын Мӕ уаз ном куы раргом кӕнон, уӕд уыдон базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. —
Ӕз Мӕ кад раргом кӕндзынӕн адӕмтӕн, ӕмӕ ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фендзысты Мӕ тӕрхон, Мӕ къухы уӕз Мын бавзардзысты сӕхиуыл.
Сауджынтӕ, Дунедарӕджы лӕггадгӕнджытӕ, Кувӕндоны бахизӕн ӕмӕ нывондхӕссӕны ’хсӕн дзыназӕнт, лӕгъстӕ кӕнӕнт: «О Дунедарӕг! Ныххатыр кӕн Дӕ адӕмӕн! Дӕ байзӕддаджы худинагӕй бахиз, цӕмӕй адӕмты ’хсӕн хынджылӕггаг ма фӕуой ӕмӕ, кӕм ис сӕ Хуыцау, зӕгъгӕ, мачи зӕгъа».
Скӕсӕнӕй ныгуылӕны онг адӕмты ’хсӕн скадджын уыдзӕн Мӕ ном! Алы ран Мӕ номы кадӕн буд судздзысты, сыгъдӕг нывӕндтӕ Мын ӕрхӕсдзысты. Адӕмтӕ Мын стаудзысты Мӕ ном, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. —