Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Исайа 37:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Ау, мӕ фыдӕлтӕ кӕй ныццагътой, уыцы адӕмты — Гозан, Харан, Рецеф ӕмӕ, Телассары чи ис, уыцы Едены цӕрджыты — сӕ хуыцӕуттӕ фервӕзын кодтой?

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Исайа 37:12
19 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Терах халдейаг Урӕй араст ис Ханааны зӕхмӕ йӕ фырт Аврам ӕмӕ Араны фырт Лотимӕ. Семӕ ма уыди Терахы чындз Сарӕ, Аврамы ус. Фӕлӕ Хараны сахармӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд уым ӕрцардысты.


Терах амарди Хараны, дыууӕсӕдӕ фондз азы йыл цыдис, афтӕмӕй.


Аврам Мысырмӕ куы ныццыди, уӕд мысырӕгтӕ федтой, йемӕ тынг рӕсугъд сылгоймаг кӕй ис, уый.


Дунедарӕг Хуыцау скӕсӕны, Едемы, скодта дыргъдон ӕмӕ дзы ӕрцӕрын кодта Йе сфӕлдыст адӕймаджы, Адамы.


Ныр Йаков та Беер-Шевӕйӕ ацыди Харанмӕ.


Йаков фыййӕутты бафарста: «Кӕцӕй стут, ме ’фсымӕртӕ?» Дзуапп ын радтой: «Харанӕй».


Осиайы паддзахиуӕджы фарӕстӕм аз, бацахста. Израилы адӕмы атардта Ассиримӕ ӕмӕ сӕ уым ӕрцӕрын кодта Халахы зӕххыл, Гозаны зӕххыл Хаворы доны былгӕрӕтты, стӕй Мидийы сахарты.


Израилы адӕмы атардта Ассиримӕ ӕмӕ сӕ уым ӕрцӕрын кодта Халахы зӕххыл, Гозаны зӕххыл Хаворы доны былгӕрӕтты, стӕй Мидийы сахарты.


Ау, иннӕ адӕмты сӕ хуыцӕуттӕ фервӕзын кодтой? Мӕ фыдӕлтӕ ныццагътой Гозан, Харан ӕмӕ Рецефы цӕрӕг адӕмты, стӕй Едены цӕрджыты, Телассары чи цардис, уыдоны.


Ӕрмӕст уӕ ма фӕрӕдийын кӕнӕд Езекиа, ма дзурӕд, Дунедарӕг нӕ фервӕзын кӕндзӕни, зӕгъгӕ. Адӕмты хуыцӕуттӕй искӕмӕн бантыст йӕ адӕмы Ассирийы паддзахы азарӕй бахизын?


Кӕм сты Хамат ӕмӕ Арпады хуыцӕуттӕ? Цы фесты Сефарваимы хуыцӕуттӕ? Самарийы сахар, мыййаг, бахызтой мӕ фыдӕхӕй?


Ацы бӕстӕты ӕппӕт хуыцӕуттӕй кӕмӕн бантыст йӕ бӕстӕ мӕ фыдӕхӕй фервӕзын кӕнын? Уӕдӕ Дунедарӕг дӕр куыд хъуамӕ бахиза мӕ азарӕй Йерусалимы сахар?»


Кӕм сты ныр Хамат ӕмӕ Арпады паддзӕхтӕ? Цы фесты Сефарваимы, Хенайы ӕмӕ Иввайы паддзӕхтӕ?»


Демӕ базар кодтой Харан, Канне, Еден, Сава, Ассири ӕмӕ Килмады сӕудӕджертӕ.


Хуыцауы дыргъдоны, Едемы, цардтӕ. Дӕ дарӕстӕ — зынаргъ дуртӕй фӕлыст: лал, топаз, алмаси, хризолит ӕмӕ ониксӕй, стӕй яшмӕйӕ, сапфирӕй, малахитӕй, изумрудӕй. Уыдысты се ’ппӕт дӕр сыгъзӕрин фӕлгӕтты ӕвӕрд ӕмӕ дӕ уӕлӕ ’фтыд; цӕттӕ уыдысты де сфӕлдысты бонмӕ.


Дамаскы кулдуӕрттӕн се ’вдузӕнтӕ ныссӕтдзынӕн. Авены дӕлвӕзы паддзахы бадӕны чи рабадт, уый дӕр, стӕй Бет-Едены паддзахы дӕр фесафдзынӕн. Арамейӕгты Кирмӕ уацары акӕндзысты, — зӕгъы Дунедарӕг.


Стефан загъта: «Ме ’фсымӕртӕ ӕмӕ хистӕртӕ! Байхъусут мӕм. Нӕ фыдӕл Авраам Хараны нӕма ӕрцард, афтӕ йӕм Месопотамийы Йӕ кады тӕмӕны раргом ис Хуыцау


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ