10 цӕмӕй йын зӕгъой: «Сайгӕ дӕ кӕны дӕ Хуыцау, дӕ зӕрдӕ Кӕуыл дарыс, Уый, Йерусалим Ассирийы паддзахы къухтӕм нӕ бахаудзӕн, зӕгъгӕ дын кӕй дзуры, уымӕй.
Иудейаг паддзӕхтӕй Езекиайы размӕ дӕр ӕмӕ йӕ фӕстӕ дӕр уый хуызӕн йӕ зӕрдӕ никуы ничи дардта Дунедарӕгыл, Израилы Хуыцауыл.
Афтӕ зӕгъы паддзах. Езекиа уӕ ма фӕрӕдийын кӕнӕд! Уымӕ сымах фервӕзын кӕныны хъару нӕй.
Дунедарӕгӕй дӕр уын зӕрдӕ ма ’вӕрӕд, ма дзурӕд, фервӕзын нӕ кӕндзӕн ӕмӕ ацы сахар Ассирийы паддзахы къухтӕм лӕвӕрд не ’рцӕудзӕн, зӕгъгӕ.
Ацы бӕстӕты ӕппӕт хуыцӕуттӕй кӕмӕн бантыст йӕ бӕстӕ мӕ фыдӕхӕй фервӕзын кӕнын? Уӕдӕ Дунедарӕг дӕр куыд хъуамӕ бахиза мӕ азарӕй Йерусалимы сахар?»
Ассирийы паддзахы хистӕр дзагдар сын афтӕ: «Езекиайӕн зӕгъут, Ассирийы цытджын паддзах дӕ фӕрсы, ахӕм ныфс дӕм кӕцӕй ис, зӕгъгӕ.
Уӕхицӕй ӕппӕлыдыстут Мӕ разы, уе ’взӕгтӕ суагътат Мӕ ныхмӕ. Ӕз алцыдӕр фехъуыстон.
Хуыцауыл Йӕ зӕрдӕ дардта, ӕмӕ Йӕ ныр фервӕзын кӕнӕд, кӕд Хуыцауӕн фӕндон у, уӕд. Афтӕ куы дзырдта: „Ӕз Хуыцауы Фырт дӕн“».