1 Езекиа уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд йӕ дарӕс фӕйнӕрдӕм арӕдывта, скодта сӕхъис ӕмӕ Дунедарӕджы хӕдзармӕ бацыд.
Паддзах чиныджы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд йӕ уӕлӕдарӕс арӕдывта фӕйнӕрдӕм.
Фӕлӕ паддзах Езекиа ӕмӕ пехуымпар Исайа, Амоцы фырт, ӕххуысагур сдзынӕзтой уӕларвмӕ,
Изӕры нывонд хӕссыны афон мӕ хъынцъымы бынатӕй сыстадтӕн, ӕддагӕй-мидӕггагӕй бызгъуыр чи фестади, мӕ уыцы дарӕсы мӕ зонгуытыл ӕрхаудтӕн ӕмӕ Дунедарӕгмӕ, мӕ Хуыцаумӕ, мӕ къухтӕ сивӕзтон:
Мардохей хабар куы фехъуыста, уӕд адӕргӕй йӕ дарӕс арӕдывта фӕйнӕрдӕм, йӕ буар бызгъуыртӕй ӕрбамбӕрзта, рыджы йӕхи сӕвдылдта ӕмӕ, бон ӕм арвы рухс нал зынди, афтӕмӕй, хъӕрӕй ӕрдиаггӕнгӕ, сахары уынгты азгъордта.
Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, сымахӕн фӕдзӕхста, цӕмӕй уыцы бон сау дарат ӕмӕ дзыназат, уӕ сӕрыхил алвынат ӕмӕ уӕ уӕлӕ сӕхъис скӕнат.
Паддзах Езекиамӕ скъуыдтӕ дарӕсы ӕрбаздӕхтысты Хилкиайы фырт Елиаким — паддзахы галуаны бӕрнон, Шевна — нымӕрдар, Асафы фырт Йоах — азфыссӕг ӕмӕ йын Ассирийы паддзахы ныхӕстӕ рафӕзмыдтой.
Езекиа минӕвӕртты къухӕй фыстӕг райста ӕмӕ йӕ бакаст. Уый фӕстӕ Дунедарӕджы хӕдзармӕ бацыд ӕмӕ йӕ Дунедарӕджы раз райхӕлдта.
Фӕлӕ йӕ, ау, паддзах Езекиа ӕмӕ ӕппӕт иудейӕгтӕ уыцы ныхӕсты тыххӕй маргӕ акодтой? Ау, паддзах Дунедарӕгӕй нӕ фӕтарст ӕмӕ Йын лӕгъстӕ нӕ кодта? Ӕмӕ уӕд Дунедарӕг Йӕ фӕндон аивта, цы фыдбылыз сын ӕрцӕттӕ кодта, уый сӕ аздӕхта. Мах та нӕхӕдӕг нӕхи фыдбылызы ӕппарӕм!»
Паддзах ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕ се ’ппӕт дӕр уыцы ныхӕстӕ фехъуыстой, фӕлӕ нӕ фӕтарстысты ӕмӕ сӕ дарӕстӕ фӕйнӕрдӕм нӕ арӕдывтой.
«Сар дӕ сӕр, Хоразин! Сар дӕ сӕр, Вифсаидӕ! Сымах цы диссӕгтӕ федтат, уыдон Тир ӕмӕ Сидоны куы равдыстӕуыдаид, уӕд уымы цӕрджытӕ, сӕ уӕлӕ сӕхъис скӕнгӕйӕ ӕмӕ сӕ сӕртыл фӕнык байзӕргӕйӕ, раджы ӕрфӕсмон кодтаиккой.