8 Гъемӕ уӕдӕ ме ’лдаримӕ, Ассирийы паддзахимӕ, бафидау, ӕмӕ дын уый ратдзӕни дыууӕ мин бӕхы, кӕд сын барджытӕ ссарай, уӕд.
Уӕд та Бен-Хадад ногӕй ӕрбарвыста Ахавмӕ, цӕмӕй йын зӕгъой: «Афтӕтӕ ӕмӕ уфтӕтӕ, стӕй мын ноджы фыддӕртӕ фӕуӕнт хуыцӕуттӕ, мӕ фӕдыл цы адӕм рацыд, уыдонмӕ Самарийы пырхӕнтӕй фӕйнӕ армыдзаджы куы ӕрхауа, уӕд».
Уӕд бардзырд радта: «Кӕд фидауынмӕ рацыдысты, уӕд сӕ уацары райсут, кӕд хӕстӕргомӕй рацыдысты, уӕддӕр сӕ уацары райсут».
Дунедарӕджы Кувӕндоны ӕмӕ паддзахы галуаны хӕзнадӕтты сыгъзӕринӕй, ӕвзистӕй ӕмӕ алы мигӕнӕнӕй цыдӕриддӕр ссардта, уыдон иууылдӕр рассывта, иу къорд лӕджы амынӕты дӕр райста ӕмӕ афтӕмӕй аздӕхти Самаримӕ.
Езекиайы паддзахиуӕджы цыппӕрдӕсӕм аз Ассирийы паддзах Санхериб ӕрбабырста Иудейы фидар сахартӕм ӕмӕ сӕ бацахста.
Гъемӕ уӕдӕ ме ’лдаримӕ, Ассирийы паддзахимӕ, бафидау, ӕмӕ дын уый ратдзӕни дыууӕ мин бӕхы, кӕд сын барджытӕ ссардзынӕ, уӕд.
Ассирийы паддзах Лахишӕй Йерусалиммӕ паддзах Езекиамӕ бирӕ ӕфсадимӕ арвыста йӕ хистӕр дзагдары. Уый ӕрлӕууыди, Чъырӕйцӕгъдӕджы быдырмӕ фӕндагыл Уӕллаг цадӕй цы дондзӕуӕн цӕуы, уый дзыхмӕ.
Намӕ мын афтӕ куы зӕгъай, нӕ Дунедарӕг Хуыцауӕй ныфсджын стӕм, уӕд Уый дӕр Чи у? Ды, Езекиа, Кӕй кувӕн къуыбыртӕ ӕмӕ нывондхӕссӕнтӕ аивтай, Уый? Иудей ӕмӕ Йерусалимы адӕмӕн цӕй тыххӕй бафӕдзӕхстай, ӕрмӕстдӕр Йерусалимы цы нывондхӕссӕн ис, ууыл хӕссут нывӕндтӕ, зӕгъгӕ?
Уый зон, ӕмӕ ме ’лдары ӕфсады хицӕуттӕн сӕ лӕмӕгъдӕрыл дӕр нӕ фӕуӕлахиз уыдзынӕ, Мысыры бӕхӕфсад куы ’рбакӕнай, уӕд дӕр.