Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Исайа 36:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Намӕ мын афтӕ куы зӕгъай, нӕ Дунедарӕг Хуыцауӕй ныфсджын стӕм, уӕд Уый дӕр Чи у? Ды, Езекиа, Кӕй кувӕн къуыбыртӕ ӕмӕ нывондхӕссӕнтӕ аивтай, Уый? Иудей ӕмӕ Йерусалимы адӕмӕн цӕй тыххӕй бафӕдзӕхстай, ӕрмӕстдӕр Йерусалимы цы нывондхӕссӕн ис, ууыл хӕссут нывӕндтӕ, зӕгъгӕ?

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Исайа 36:7
15 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Намӕ мын афтӕ куы зӕгъай, нӕ Дунедарӕг Хуыцауӕй ныфсджын стӕм, уӕд Уый дӕр Чи у? Ды, Езекиа, Кӕй кувӕн къуыбыртӕ ӕмӕ нывондхӕссӕнтӕ аивтай, Уый? Иудей ӕмӕ Йерусалимы адӕмӕн цӕй тыххӕй бафӕдзӕхстай, ӕрмӕстдӕр Йерусалимы цы нывондхӕссӕн ис, ууыл хӕссут нывӕндтӕ, зӕгъгӕ?“


Тӕккӕ тохы сахат Хуыцаумӕ кӕй скуывтой, сӕ зӕрдӕ Йыл кӕй дардтой, уымӕ гӕсгӕ сын Уый сӕ куывд фехъуыста ӕмӕ сын баххуыс кодта, ӕмӕ агарӕгтӕ, семӕ чидӕриддӕр уыд, уыдонимӕ сӕ амӕттаг баисты.


Йерусалимы ӕцӕгӕлон хуыцӕуттӕн цы нывондхӕссӕнтӕ уыди, уыдон иууылдӕр, стӕй будсудзӕн нывондхӕссӕнтӕ ныппырх кодтой ӕмӕ сӕ Кедроны тӕрфмӕ ныппӕрстой.


Бӕрӕгбон куы фӕци, уӕд, израилӕгтӕй Йерусалимы чи ӕрӕмбырд ис, уыдон Иудейы сахартыл ӕрзылдысты, табуйаг дуртӕ ӕмӕ Ашерӕйы цӕджындзтӕ ныззыгуым кодтой. Ӕгас Иудейы зӕххыл, стӕй Бениамин, Ефрем ӕмӕ Менассиайы зӕххыты фехӕлдтой кувӕн къуыбыртӕ ӕмӕ нывондхӕссӕнтӕ. Уый фӕстӕ дзы алчидӕр ӕрбаздӕхти йӕхи зӕххы хаймӕ, йӕ сахармӕ.


Уыцы Езекиа Йын, мыййаг, Йӕ кувӕн къуыбыртӕ ӕмӕ Йӕ нывондхӕссӕнтӕ нӕ фехӕлдта? Иудей ӕмӕ Йерусалимы адӕмӕн афтӕ нӕ загъта, ӕрмӕстдӕр иу нывондхӕссӕныл судзут буд ӕмӕ уый раз кад кӕнут Хуыцауӕн, зӕгъгӕ?


Мӕ уд, уӕдӕ цы ныхъхъуыстай дӕхимӕ? Цӕуыл у дӕ сагъӕс? Дӕ Хуыцауыл дӕ зӕрдӕ дар: ӕз Ӕй нырма стаудзынӕн — мӕ Ирвӕзынгӕнӕджы, мӕ Хуыцауы.


Гъемӕ уӕдӕ ме ’лдаримӕ, Ассирийы паддзахимӕ, бафидау, ӕмӕ дын уый ратдзӕни дыууӕ мин бӕхы, кӕд сын барджытӕ ссарай, уӕд.


Фӕлӕ Хуыцауы Удӕй хайджын чи у, уый аргъ кӕны алцӕмӕн дӕр, уымӕн та аргъ кӕнын никӕй бон у.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ