Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Исайа 36:22 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

22 Паддзах Езекиамӕ скъуыдтӕ дарӕсы ӕрбаздӕхтысты Хилкиайы фырт Елиаким — паддзахы галуаны бӕрнон, Шевна — нымӕрдар, Асафы фырт Йоах — азфыссӕг ӕмӕ йын Ассирийы паддзахы ныхӕстӕ рафӕзмыдтой.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Исайа 36:22
12 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Паддзахмӕ фӕдзурын кодтой, фӕлӕ сӕм йӕ бӕсты рацыдысты йӕ галуаны уагдар Елиаким, Хилкиайы фырт, нымӕрдар Шевна ӕмӕ фидиуӕг Йоах, Асафы фырт.


Израилы паддзах уыцы фыстӕг куы бакаст, уӕд йӕ уӕлӕдарӕс арӕдывта фӕйнӕрдӕм ӕмӕ загъта: «Уымӕй афтӕ, ӕз Хуыцау дӕн? Марын ӕмӕ ӕгас кӕныны хъуыддӕгтӕ мӕ бӕрны, мыййаг, сты? Мӕнмӕ йӕ цы ’рбарвыста йӕ хъотырнизӕй сдзӕбӕх кӕнынмӕ? Уӕдӕ йӕ уӕ зӕрдыл бадарут, хӕст расидын ӕй фӕнды ӕмӕ ӕфсон агуры».


Уыцы ныхас куы фехъуыстон, уӕд мӕ дарӕстӕ, ӕддагӕй-мидӕггагӕй, фыр адӕргӕй арӕдывтон фӕйнӕрдӕм, мӕ сӕрыхъуынтӕ ӕмӕ боцъотӕ тыдтон. Цавддурау бадтӕн,


Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, загъта: «Бацу-ма уыцы Шевнамӕ, паддзахы галуаны фӕткдармӕ, ӕмӕ йын зӕгъ,


Дунедарӕг загъта: «Уыцы бон Ӕз фӕсиддзынӕн Мӕ цагъар Елиакиммӕ, Хилкиайы фыртмӕ,


Фӕлӕ Ӕз бауынгӕг кӕндзынӕн Ариелы; уый хъӕрздзӕни ӕмӕ дзыназдзӕни, нывондхӕссӕн Мын фестдзӕни!


Йерусалимы цӕрджытӕ хъӕр кӕнынц уынгты, фидыды минӕвӕрттӕ сӕхи кӕуынӕй марынц.


Елиаким, Шевна ӕмӕ Йоах бахатыдысты Ассирийы паддзахы дзагдармӕ: «Немӕ, дӕ цагъартимӕ, арамейаг ӕвзагыл дзур, уымӕн ӕмӕ йӕ мах ӕмбарӕм. Иудейагау нӕм ма дзур, цӕмӕй нӕм сахары сисӕй адӕм ма хъусой».


Уырдӕм ӕм рацыдысты Хилкиайы фырт Елиаким — паддзахы галуаны бӕрнон, Шевна — нымӕрдар, Асафы фырт Йоах — азфыссӕг.


Паддзах ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕ се ’ппӕт дӕр уыцы ныхӕстӕ фехъуыстой, фӕлӕ нӕ фӕтарстысты ӕмӕ сӕ дарӕстӕ фӕйнӕрдӕм нӕ арӕдывтой.


Уыцы ныхӕстӕм алчер фӕйнӕрдӕм арӕдывта йӕ дарӕс ӕмӕ загъта: «Хуыцауы рафаудта! Цӕй ӕвдисӕнтӕ ма нӕ хъӕуы? Мӕнӕ уӕхӕдӕг куы фехъуыстат, Хуыцауы куыд фауы, уый!


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ