19 Кӕм сты Хамат ӕмӕ Арпады хуыцӕуттӕ? Цы фесты Сефарваимы хуыцӕуттӕ? Самарийы сахар, мыййаг, бахызтой мӕ фыдӕхӕй?
Хаматы паддзах Тоимӕ байхъуысти, Давид Цовайы паддзах Адад-Езеры ӕфсад кӕй ныддӕрӕн кодта, уый
Ассирийы паддзах израилӕгты бӕсты Самаримӕ ӕрбакодта ӕндӕр адӕмты йӕ бӕстӕйы сахартӕй: Вавилонӕй, Кутайӕ, Аввайӕ, Хаматӕй ӕмӕ Сефарваимӕй. Уыдон бацахстой Самарийы зӕхх ӕмӕ йын йӕ сахарты ӕрцардысты.
Фӕлӕ Ассирийы паддзахӕн ууыл нӕу йӕ мӕт, йӕ сагъӕс. Йӕ зӕрды ис бирӕ адӕмты бабын кӕнын.
Дунедарӕг Дамаскы тыххӕй афтӕ зӕгъы: Хамат ӕмӕ Арпады сахартӕ схъомпал сты, уымӕн ӕмӕ ӕвзӕр уац фехъуыстой. Фыр тӕссӕй рафт-бафт кӕнынц, денджызау сӕхицӕн ӕнцой нӕ арынц.
Оры хохӕй Хаматмӕ йӕхи айтындздзӕн ӕмӕ Цедады балӕудзӕн.