Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Исайа 36:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Афтӕ зӕгъы паддзах. Езекиа уӕ ма фӕрӕдийын кӕнӕд! Уымӕ сымах фервӕзын кӕныны хъару нӕй.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Исайа 36:14
11 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Кӕй фауыс ды, фидистӕ кӕмӕн кӕныс? Кӕуыл хъӕр кӕныс, кӕмӕ кӕсыс сӕрбӕрзондӕй? Израилы Уаз Хуыцаумӕ!


Ау, Езекиа уӕ сайгӕ нӕ кӕны, сыдӕй ӕмӕ уӕ дойныйӕ амарынмӕ нӕ хъавы, афтӕ уын кӕй дзуры, уымӕй: „Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, мах ассириаг паддзахы къухӕй фервӕзын кӕндзӕн“?


Дунедарӕгӕй дӕр уын зӕрдӕ ма ’вӕрӕд, ма дзурӕд, фервӕзын нӕ кӕндзӕн ӕмӕ ацы сахар Ассирийы паддзахы къухтӕм лӕвӕрд не ’рцӕудзӕн, зӕгъгӕ.


Хъоргъмӕ куы бахӕццӕ, уӕд Даниилмӕ ӕнкъард хъӕлӕсӕй ныдздзырдта: «Даниил, цардӕгас Хуыцауы цагъар! Ӕнувыдӕй Кӕмӕн лӕггад кӕныс, уыцы Хуыцау дӕ домбӕйтты дзыхӕй фервӕзын кодта?»


Иууылбӕрзонды ныхмӕ дзурдзӕн, Йӕ сыгъдӕджыты Йын удхарӕй мардзӕн, сфӕнд кӕндзӕн Ӕгъдау ӕмӕ бӕрӕгбӕттӕ аивын. Иу ӕмгъуыдмӕ, дыууӕ ӕмгъуыдмӕ ӕмӕ ӕмгъуыды ӕрдӕгмӕ сыгъдӕджытӕ йӕ къухмӕ лӕвӕрд ӕрцӕудзысты.


Уый йӕхи, хуыцаугондыл кӕнӕ табуйагыл цыдӕриддӕр нымадӕуы, уыдонӕй уӕлдӕр сӕвӕрдзӕн ӕмӕ сӕ ныхмӕ сыстдзӕни. Суанг Хуыцауы Кувӕндоны ӕрбаддзӕн ӕмӕ йӕхи расиддзӕни Хуыцауӕй.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ