13 Стӕй паддзахы дзагдар дзуттагау хъӕрӕй загъта: «Ӕрбайхъусут Ассирийы цытджын паддзахы ныхасмӕ!
Уыцы ныхӕстӕ Санхерибы минӕвӕрттӕ Йерусалимы ныхъхъӕр кодтой иудейаг ӕвзагыл, цӕмӕй сӕ, сисы сӕрыл цы адӕм ӕрӕмбырд, уыдон иууылдӕр хъусой, кӕд фӕтӕрсиккой ӕмӕ сахар нӕ къухтӕм лӕвӕрд ӕрцӕуид, зӕгъгӕ.
Елиаким, Шевна ӕмӕ Йоах бахатыдысты Ассирийы паддзахы дзагдармӕ: «Немӕ, дӕ цагъартимӕ, арамейаг ӕвзагыл дзур, уымӕн ӕмӕ йӕ мах ӕмбарӕм. Иудейагау нӕм ма дзур, цӕмӕй нӕм сахары сисӕй адӕм ма хъусой».
Паддзахы дзагдар загъта: «Афтӕ ’нхъӕл дӕ, ӕмӕ мӕ ме ’лдар ӕрмӕст де ’лдармӕ ӕмӕ дӕумӕ рарвыста? Уалӕ сисыл чи бады, уыцы адӕммӕ дӕр мӕ рарвыста, уымӕн ӕмӕ рӕхджы иумӕ хӕрдзыстут уӕ фаджыс ӕмӕ нуаздзыстут уӕ доныхуыпп».
Ассирийы паддзахы хистӕр дзагдар сын афтӕ: «Езекиайӕн зӕгъут, Ассирийы цытджын паддзах дӕ фӕрсы, ахӕм ныфс дӕм кӕцӕй ис, зӕгъгӕ.
Ассирийы паддзах йӕ хистӕр дзагдары ӕрбарвыста цардӕгас Хуыцауӕн фидистӕ кӕнынмӕ. Тӕхуды ӕмӕ Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, куы фехъусид, куыд ӕй фауынц, уый! Гъемӕ скув, удӕгас ма нӕ чи баззад, уыдоны тыххӕй».
ӕмӕ сыл уый тыххӕй Дунедарӕг рауадздзӕн Евфраты стыр ӕмӕ абухгӕ дӕттӕ — Ассирийы паддзахы йе ’ппӕт хъомысимӕ. Ӕмӕ уый йе ’ппӕт донвӕдтӕй анхъӕвздзӕни размӕ, йӕ былгӕрӕттӕ доны бын фӕуыдзысты.