Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Исайа 36:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Паддзахы дзагдар загъта: «Афтӕ ’нхъӕл дӕ, ӕмӕ мӕ ме ’лдар ӕрмӕст де ’лдармӕ ӕмӕ дӕумӕ рарвыста? Уалӕ сисыл чи бады, уыцы адӕммӕ дӕр мӕ рарвыста, уымӕн ӕмӕ рӕхджы иумӕ хӕрдзыстут уӕ фаджыс ӕмӕ нуаздзыстут уӕ доныхуыпп».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Исайа 36:12
11 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Паддзахы дзагдар загъта: «Афтӕ ӕнхъӕл дӕ, ӕмӕ мӕ ме ’лдар ӕрмӕст де ’лдармӕ ӕмӕ дӕумӕ рарвыста? Уалӕ сисыл чи бады, уыцы адӕммӕ дӕр мӕ рарвыста, уымӕн ӕмӕ рӕхджы иумӕ хӕрдзыстут уӕ фаджыс ӕмӕ нуаздзыстут уӕ доныхуыпп».


Елиаким, Шевна ӕмӕ Йоах бахатыдысты Ассирийы паддзахы дзагдармӕ: «Немӕ, дӕ цагъартимӕ, арамейаг ӕвзагыл дзур, уымӕн ӕмӕ йӕ мах ӕмбарӕм. Иудейагау нӕм ма дзур, цӕмӕй нӕм сахары сисӕй адӕм ма хъусой».


Стӕй паддзахы дзагдар дзуттагау хъӕрӕй загъта: «Ӕрбайхъусут Ассирийы цытджын паддзахы ныхасмӕ!


Сӕ къух-иу цӕуыл фӕхӕст уа, уый ӕргӕвддзысты ӕмӕ хӕрдзысты, фӕлӕ-иу уӕддӕр се стонг нӕ басӕтдзысты, сыдӕймӕлӕгау сын бафсис нӕ уыдзӕн. Алчи йӕ хионы хӕрдзӕни:


Ӕз ацы сахары цӕрджытӕн сӕ фырттӕ ӕмӕ сӕ чызджыты фыдтӕ бахӕрын кӕндзынӕн. Сӕ мӕлӕтмӕ цы знӕгтӕ бӕллынц, уыдон сыл куы ’рхъула кӕной ӕмӕ уынгӕджы ранмӕ куы бахауой, уӕд дзы алчидӕр йӕ сыхаджы буар хӕрынмӕ ӕрцӕудзӕн.


Хӕр-иу хъӕбӕрхоры цъаргӕндтӕ ӕмӕ-иу сӕ ӕппӕт адӕмы цӕстыты раз фыц адӕймаджы ӕппарӕнтыл».


Ноджы ма мын загъта: «Адӕймаджы фырт! Ӕз Йерусалимы хойраджы ӕвӕрӕнтӕ скуынӕг кӕндзынӕн. Сӕ къӕбӕр катайгӕнгӕ хӕрдзысты барстӕй, сӕ дон дӕр тӕрсгӕ-ризгӕйӕ барстӕй нуаздзысты.


Уӕ фырттӕ ӕмӕ чызджытӕн сӕ фыд хӕрынмӕ ’рцӕудзыстут.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ