Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Исайа 36:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Елиаким, Шевна ӕмӕ Йоах бахатыдысты Ассирийы паддзахы дзагдармӕ: «Немӕ, дӕ цагъартимӕ, арамейаг ӕвзагыл дзур, уымӕн ӕмӕ йӕ мах ӕмбарӕм. Иудейагау нӕм ма дзур, цӕмӕй нӕм сахары сисӕй адӕм ма хъусой».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Исайа 36:11
8 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Артаксерксы заман дӕр Бишлам, Митредат, Тавел ӕмӕ се ’мбӕлттӕ арамейаг дамгъӕтӕй ныффыстой Артаксерксмӕ, Персы паддзахмӕ, арамейаг ӕвзагыл.


Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, загъта: «Бацу-ма уыцы Шевнамӕ, паддзахы галуаны фӕткдармӕ, ӕмӕ йын зӕгъ,


Дунедарӕг загъта: «Уыцы бон Ӕз фӕсиддзынӕн Мӕ цагъар Елиакиммӕ, Хилкиайы фыртмӕ,


Паддзахы дзагдар загъта: «Афтӕ ’нхъӕл дӕ, ӕмӕ мӕ ме ’лдар ӕрмӕст де ’лдармӕ ӕмӕ дӕумӕ рарвыста? Уалӕ сисыл чи бады, уыцы адӕммӕ дӕр мӕ рарвыста, уымӕн ӕмӕ рӕхджы иумӕ хӕрдзыстут уӕ фаджыс ӕмӕ нуаздзыстут уӕ доныхуыпп».


Стӕй паддзахы дзагдар дзуттагау хъӕрӕй загъта: «Ӕрбайхъусут Ассирийы цытджын паддзахы ныхасмӕ!


бакастджын, ахуырмӕ зӕрдӕргъӕвд, зондджын ӕмӕ ӕмбаргӕ лӕппуты — фидӕны паддзахы галуаны сӕ бон лӕггад кӕнын кӕмӕн суыдзӕн, ахӕмты. Лӕппуты хъуамӕ халдейагау кӕсын ӕмӕ фыссын сахуыр кодтаиккой.


Халдейаг куырыхонтӕ паддзахӕн дзуапп радтой арамейаг ӕвзагыл: «Паддзах, бирӕ азты нын дзӕбӕхӕй цӕр! Мах стӕм дӕ цагъартӕ. Радзур нын дӕ фын, ӕмӕ дын, цы амоны, уый зӕгъдзыстӕм».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ