1 Езекиайы паддзахдзинады цыппӕрдӕсӕм аз Ассирийы паддзах Санхериб Иудейы фидар сахарты ныхмӕ хӕцынмӕ ралӕууыд ӕмӕ сӕ бацахста.
Езекиайы паддзахиуӕджы цыппӕрдӕсӕм аз Ассирийы паддзах Санхериб ӕрбабырста Иудейы фидар сахартӕм ӕмӕ сӕ бацахста.
Уӕддӕр Ассирийы паддзах Лахишӕй Езекиамӕ стыр ӕфсадимӕ арвыста йӕ барджынты: йе ’фсады хицауы, йӕ галуаны уагдары ӕмӕ йӕ хистӕр дзагдары. Уыдон Йерусалиммӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд ӕрлӕууыдысты, Чъырӕйцӕгъдӕджы быдырмӕ фӕндагыл уӕллаг цадӕй донвӕд кӕм рацӕуы, уыцы ран.
Уый бацахста Иудейы фидӕрттӕ ӕмӕ ӕрбахӕццӕ ис Йерусалиммӕ.
Езекиа, Дунедарӕгыл иузӕрдион уӕвгӕйӕ, цы хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдоны фӕстӕ Ассирийы паддзах Санхериб бабырста Иудеймӕ ӕмӕ бырутӕй ӕхгӕд сахартыл ӕрхъула кодта, цӕмӕй сӕ бацахса.
Ӕцӕг, Дунедарӕг дӕуыл дӕр ӕмӕ дӕ адӕмыл дӕр ныххуырсдзӕн, ефремонтӕ иудейӕгтимӕ куы байуӕрстой, уӕдӕй фӕстӕмӕ чи нӕма уыд, ахӕм фыд заман. Ассирийы паддзахы амӕттаг фӕуыдзыстут.
Бардарӕг Евфраты фале баххуырсдзӕн Ассирийы паддзахы, ӕмӕ уын уый адасдзӕни уӕ сӕртӕ ӕмӕ уӕ къӕхтӕ, суанг ма уын уӕ боцъотӕ дӕр алвындзӕн.
уымӕн ӕмӕ нӕй сдзӕбӕхгӕнӕн йӕ хъӕдгомӕн. Стыр бӕллӕх ӕрбахӕстӕг Иудеймӕ, суанг мӕ адӕмы кулдуары раз, Йерусалимы цур ӕрбалӕууыд.