Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Исайа 35:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 асӕррӕтт кӕндзӕни сагау къуылых, гоби чи уыди, уый цины хъӕр сисдзӕн. Фестдзӕни суадӕтты гуырӕн сыгъд быдыр, тыгъд быдыр — цӕугӕдӕтты бӕстӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Исайа 35:6
41 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Стонг заман сын Ды уӕларвӕй лӕвӕрдтай хойраг, дойныйӕ куы мардысты, уӕд сын къӕдзӕхӕй рауагътай дон. Ды сын загътай, цӕмӕй ацӕуой ӕмӕ сӕхи бакӕной, Дӕ къух хӕрдмӕ сисгӕйӕ, йӕ раттыныл ард кӕй тыххӕй бахордтай, уыцы зӕхх.


Уый нӕ разы басаста адӕмты, нӕ къӕхты бынмӕ ӕрӕппӕрста знӕмты.


Уым, къӕдзӕхыл, Хоревы хохыл, Ӕз ӕрлӕудзынӕн дӕ разы. Ды-иу дӕ лӕдзӕгӕй къӕдзӕх ныццӕв, ӕмӕ дзы дон ракӕлдзӕн. Уадз ӕмӕ адӕм нуазой». Моисей израилӕгты хистӕрты раз, Дунедарӕг ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ бакодта.


Фыдгултӕ цагъды куы фӕуой, сӕ фидӕрттӕ куы ныппырх уой, уыцы бон хӕхтӕ ӕмӕ уӕлвӕзтӕй азгъордзысты суадӕттӕ, къададӕттӕ.


Алчидӕр сӕ йӕ адӕмӕн уыдзӕни, сис дымгӕйӕ куыд бахизы, уӕлхӕдзар — тыгъдызӕйӕ, суадӕттӕ хус быдыры куыд бахъӕуынц, бӕрзонд къӕдзӕхы аууон ӕдзӕрӕг ран фӕллад лӕгӕн куыд баххуыс кӕны, уыйау.


Рӕузондты сӕры бацӕудзӕни зонд, гуылӕвзӕгтӕ райдайдзысты раст дзурын.


Нӕ бӕстӕ у денджызы науау, йӕ бӕндӕнтӕ — лӕмӕгъ, сӕ бон нал у наухъилтӕ бауромын, наупӕлӕзтӕ ныттынг кӕнын. Фӕлӕ ӕрцӕудзӕн ахӕм заман, ӕмӕ, фыдгултӕй цы бирӕ фӕллой баззайа, уый дихгонд ӕрцӕудзӕн нӕ адӕмыл, суанг ма къуылыхтӕ дӕр райсдзысты се ’фтиаджы хай.


Райӕд фыр цинӕй ӕдзӕрӕг быдыр ӕмӕ хус зӕхх, ӕрнӕг тыгъдад цинхъӕр кӕнӕд ӕмӕ дидинфӕз фестӕд!


Зарӕнт Ын ӕдзӕрӕг быдыры сахартӕ, Кедары байзӕддаджы хъӕутӕ, хӕхбӕсты адӕм хӕхты цъуппытӕй!


Донмӕ бӕллӕджы Ӕз донхорыг скӕндзынӕн, ӕнӕ донӕй баруайӕджы бафсаддзынӕн донӕй. Уӕ мыггаджы уын Мӕ Уды фарнӕй схайджын кӕндзынӕн, Мӕ арфӕ уын ӕруадздзынӕн уӕ фӕстагӕттыл.


Дунедарӕг сӕ кӕны сыгъд быдыртыл, фӕлӕ дойныйӕ нӕ мӕлынц — дуры гуыбынӕй дӕр рауадзы дон, акъӕртт сын кӕны айнӕг къӕдзӕх, ӕмӕ дзы дон фемӕхсы!


Ныр Дунедарӕг барӕвдаудзӕни Сионы, ногӕй йын рацараздзӕни йӕ хӕлддзӕгтӕ, ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕндзӕни дзӕнӕт, сыгъд быдыр та — Дунедарӕджы дыргъдон. Цинӕй дзы райдзысты адӕм, кад кӕндзысты Хуыцауӕн ӕмӕ Йын зардзысты.


Уыцы заман хӕхтӕй ракӕлдзӕн сӕн, къуыбыртӕй — ӕхсыр, Иудӕйы ӕрхытӕ иууылдӕр донӕй байдзаг уыдзысты. Дунедарӕджы Кувӕндонӕй суадон ракӕлдзӕн ӕмӕ Ситтимы дӕлвӕз бафсаддзӕнис.


Уыцы бон Йерусалимӕй царддӕттӕг цӕугӕдӕттӕ ракӕлдзысты, сӕ иу ӕрдӕг — скӕсӕйнаг денджызмӕ, иннӕ — ныгуылӕйнаг денджызмӕ; сӕрдӕй, зымӕгӕй афтӕ уыдзӕн.


Сымахыл та, Мӕ номӕн кад чи кӕны, уыдоныл, скӕсдзӕни рӕстдзинады хур. Йӕ тынтӕ ӕвдадзы хос сты, ӕмӕ, фосдонӕй ӕддӕмӕ кӕй рауагътой, уыцы хӕрзхаст родтау гӕппытӕ кӕндзыстут.


Уыцы ныхӕстимӕ Моисей йӕ лӕдзӕгӕй дыууӕ хатты ныццавта къӕдзӕх. Къӕдзӕхӕй уый бӕрц дон фемӕхст, ӕмӕ адӕмӕн дӕр ӕмӕ сӕ фосӕн дӕр фаг уыд.


куырмытӕ райдыдтой уынын, цӕнкуылтӕ — цӕуын, хъотырджынтӕн сӕ низ сӕфы, къуырматӕ хъусынц, мӕрдтӕ ӕгас кӕнынц, мӕгуыртӕ хъусынц Фарны Уац.


Уӕд Йесомӕ ӕрбакодтой, цӕстӕй чи нӕ уыдта ӕмӕ ӕгомыг чи уыд, ахӕм хӕйрӕджджыны. Йесо йӕ сдзӕбӕх кодта, ӕмӕ ӕгомыг райдыдта дзурын, цӕстӕй дӕр суыдта.


Кувӕндоны Йӕм куырмытӕ ӕмӕ къуылыхтӕ бацыдысты, ӕмӕ сӕ Уый сдзӕбӕх кодта.


Уыцы тӕккӕ уысм Захариа йӕ дзыхӕй сдзырдта, ӕмӕ уыйадыл райдыдта дзурын, кад кодта Хуыцауӕн.


Иу хатт Йесо иу лӕгӕй сырдта ӕгомыггӕнӕг дӕлимоны. Куы дзы рацыди, уӕд гоби йӕ дзыхӕй сдзырдта, ӕмӕ адӕм дисы бафтыдысты.


Рӕсугъд кӕй хуыдтой, Кувӕндоны уыцы кулдуары раз бадти, мады гуыбынӕй цӕнкуыл чи рахаста, ахӕм лӕг. Алы бон дӕр-иу ӕй ӕрхастой ӕмӕ уым ныууагътой, цӕмӕй Кувӕндонмӕ цӕуджытӕй ӕхца кура.


Бирӕ хӕйрӕджджынтӕй ӕнӕзӕгъинӕгтӕ рацыдысты хъӕргӕнгӕ, ӕндзыгнизӕй чи хъӕрзыд, уыдонӕй бирӕтӕ ӕмӕ цӕнкуылтӕ сӕнӕниз сты.


Чырыстийы ныхас парахатӕй цӕрӕд уӕ зӕрдӕты. Ӕмӕ уын цы бирӕ зонд дӕтты, уый фӕрцы зонд амонут ӕмӕ ахуыр кӕнут уӕ кӕрӕдзийы. Хорзӕхӕй хайджынӕй Хуыцауӕн зӕрдиагӕй зарут псаломтӕ, гимнтӕ ӕмӕ удварны зарджытӕ.


Зӕд мын фенын кодта кристаллау ӕрттивгӕ царддӕттӕг дон. Уый калди Хуыцау ӕмӕ Уӕрыччы бадӕнӕй,


Уд ӕмӕ Усаг зӕгъынц: «Ӕрцу!» Чи хъусы, уый дӕр зӕгъӕд: «Ӕрцу!» Дойны кӕмӕн у, уый ӕрцӕуӕд, ӕмӕ, кӕй фӕнды, уый царды дон айсӕд лӕвар.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ