Исайа 35:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст2 Дидинӕг ракалӕд, цины хъӕр самайӕд, ма уӕд йӕ абухгӕ цинӕн кӕрон! Лӕвӕрд ын ӕрцӕуӕд Ливаны нӕргӕ кад, фестӕд Кармелау, Шаронау рӕсугъд! Уадз ӕмӕ адӕм сӕхи цӕстӕй феной не Скӕнӕг Хуыцауы кад ӕмӕ цыт! အခန်းကိုကြည့်ပါ။ |
Сионы сахары хъынцъымгӕнджытӕн сӕ зӕрдӕ барухс кӕнынмӕ. Нырӕй фӕстӕмӕ-иу фӕнычы бӕсты сӕ сӕртыл кады худтӕ ’ркӕндзысты, цӕссыджы бӕсты-иу цины сойӕ байсӕрддзысты сӕхи, сӕхъисы бӕсты-иу кады пӕлӕз скӕндзысты. Адӕмтӕ фендзысты, сӕ хъомыс Хуыцауӕй кӕй у, уый ӕмӕ сӕ бардзысты, Дунедарӕг Едемы дыргъдоны кӕй ныссагъта, уыцы бӕлӕстимӕ. Ӕмӕ Дунедарӕгӕн Йӕ кады ном айхъуысдзӕни дунейыл.