Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Исайа 34:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 судздзӕн ӕппынӕдзух, бон дӕр ӕмӕ ӕхсӕв дӕр. Йӕ фӕздӕг калдзӕн ӕнусты, мыггагӕй-мыггагмӕ уыдзӕни ӕдзӕрӕг, лӕджы къах ыл никуыуал ауайдзӕн.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Исайа 34:10
15 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Йӕхи хъомысджын чи хоны, уый фӕскъауы хуызӕн суыдзӕн, йӕ митӕ та — зынджы стъӕлфӕнау. Ссудздзысты иумӕ, ӕмӕ сӕ ахуыссынгӕнӕг нӕ уыдзӕн.


Никуыуал дзы ничи ӕрцӕрдзӕн, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ дзы нал уыдзӕн цӕрӕг. Араббаг дзы нӕ айтындздзӕни йӕ цатыр, фыййӕуттӕ дзы сӕ фосимӕ асадӕн не скӕндзысты ривӕдафон.


Дунедарӕг гӕныстон фӕкӕндзӕни зӕхх, ныззаууат ӕй кӕндзӕн — зӕхх аивдзӕни йӕ хуыз, йӕ цӕрджытӕ ныххӕлиу уыдзысты.


Алкӕй тыххӕй дӕр дзы хал сӕппардзӕн ӕмӕ бӕндӕнӕй абардзӕн Едомы зӕххӕй. Ӕмӕ уыцы хӕйттӕ ӕнусты уыдзысты сӕ бар, цӕрдзысты дзы мыггагӕй-мыггагмӕ.


Фӕссахармӕ-иу куы рацӕуой, уӕд та-иу, ӕлгъгӕнгӕйӕ, афӕлгӕсдзысты, йе ’ргом Мӕ чи аздӕхта, уыдоны мӕрдтыл. Уыдоны хъизӕмарӕн кӕрон нӕ уыдзӕни: нӕдӕр сӕ къуыдыргалм искуы ныммӕлдзӕн, нӕдӕр, цы арты мидӕг судзынц, уый искуы ахуысдзӕн».


Содом ӕмӕ Гоморрӕ, стӕй сӕ алфамбылай цы сахартӕ ис, уыдон куыд бабын сты, — зӕгъы Дунедарӕг, — афтӕ уым дӕр иунӕг цӕрӕг нал баззайдзӕн, ничиуал дзы ӕрцӕрдзӕн.


Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: «Мӕ маст ныккӕлдзӕн ацы бынатыл, адӕм ӕмӕ фосыл, быдираг бӕлӕстӕ ӕмӕ зӕххы тыллӕгыл, ссудздзӕн ӕмӕ нал ахуысдзӕн!»


Дыууиссӕдз азы дӕргъы дзы ничиуал ӕрцӕрдзӕни, налдӕр ыл адӕймаджы къах ӕрлӕудзӕн, налдӕр — фосы къах.


Сафтид ис, хӕлӕттаг фӕци, гӕныстонмӕ ’рцыди сахар. Адӕмӕн фыр тӕссӕй сӕ зӕрдӕтӕ фегуыппӕг вӕййынц, сӕ уӕрджытӕ сӕхи хойынц кӕрӕдзиуыл, сӕ буӕрттӕн сӕ дыз-дыз цӕуы, сӕ цӕсгӕмттӕ ныффӕлурс сты.


уынынц ын йӕ арты фӕздӕг ӕмӕ хъӕр кӕнынц: «Ацы стыр сахарӕн ӕмбал нӕй!»


Дыккаг хатт загъдӕуыд: «Алелуйа! Йӕ фӕздӕг кӕлдзӕн мыггагӕй мыггагмӕ!»


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ