9 Зӕхх ныххус ис, хъӕрзы. Ливан уӕнтӕхъилӕй баруад, Шарон ӕдзӕрӕг фестад, Башан ӕмӕ Кармелы бӕлӕстӕн сӕ сыфтӕр азгъӕлд.
Сӕнӕфсирау йӕ гага цъӕхӕй азгъӕлдзӕн, оливӕйау йӕ дидин ӕрызгъӕлдзӕни зӕхмӕ.
— Ӕз — шаройнаг нарцисс, дӕлвӕзты кӕркусӕг!
Тархъӕды бӕлӕстӕ Уый цӕгъддзӕни ӕфсӕн фӕрӕтӕй, Ливаны ӕгӕндӕг хъӕд зӕххы ӕмвӕз суыдзӕни Хъомысджыны къухӕй.
Кипаристӕ ӕмӕ ливайнаг кедртӕ цин кӕнынц ӕмӕ дзурынц дӕу тыххӕй: «Ды мӕрдвынӕй куы бадӕ, уӕдӕй фӕстӕмӕ нӕм ничиуал цӕуы цӕгъдынмӕ».
Сӕ бындзарӕй стондзӕни Ливан ӕмӕ Башаны бӕрзонд бӕлӕстӕ,
Дунедарӕг гӕныстон фӕкӕндзӕни зӕхх, ныззаууат ӕй кӕндзӕн — зӕхх аивдзӕни йӕ хуыз, йӕ цӕрджытӕ ныххӕлиу уыдзысты.
Фӕлӕ Ӕз бауынгӕг кӕндзынӕн Ариелы; уый хъӕрздзӕни ӕмӕ дзыназдзӕни, нывондхӕссӕн Мын фестдзӕни!
Дидинӕг ракалӕд, цины хъӕр самайӕд, ма уӕд йӕ абухгӕ цинӕн кӕрон! Лӕвӕрд ын ӕрцӕуӕд Ливаны нӕргӕ кад, фестӕд Кармелау, Шаронау рӕсугъд! Уадз ӕмӕ адӕм сӕхи цӕстӕй феной не Скӕнӕг Хуыцауы кад ӕмӕ цыт!
Дӕ цагъартӕн бафӕдзӕхстай Мӕн фауын. Дӕхи стыдтай, мӕ бирӕ бӕхӕфсадимӕ, дам, схызтӕн хӕхты бӕрзӕндтӕм, Ливаны рӕгътӕм. Ныццагътон, дам, ын йӕ бӕрзонд кедр бӕлӕстӕ, йӕ хуыздӕр кипаристӕ. Схызтӕн, дам, ын йӕ бӕрзонддӕр хохмӕ, бацыдтӕн йӕ хуыздӕр хъӕдмӕ.
Мӕ кувӕг адӕмы лыстӕг фосӕн Шарон уыдзӕни хизӕнуат, се стуртӕн та Ахоры дӕлвӕз — ривӕддон.
Израилы та йӕ раздӕры сӕрвӕтмӕ раздахдзынӕн, Кармел ӕмӕ Башаны хиздзӕн, Ефремы хӕхты ӕмӕ Галаады йӕхи бафсаддзӕн.
Уый тыххӕй бахус уыдзӕни зӕхх, ӕмӕ фырвӕллад бауыдзысты йе ’ппӕт цӕрджытӕ — быдыры цӕрӕгойтӕ, уӕларвон мӕргътӕ ӕмӕ суанг денджызы кӕсӕгтӕ дӕр бабын уыдзысты.
Амос загъта: — Дунедарӕг ныннӕрдзӕн Сионӕй, Йӕ хъӕлӕс райхъуысдзӕн Йерусалимӕй. Додой кӕндзысты фыййӕутты къӕстӕ, бахус уыдзӕн Кармелы цъупп.
Хиз Дӕ лӕдзӕгӕй Дӕ адӕмы, Дӕ исбоны дзуг, хибарӕй Кармелы хъӕдты чи ӕрцардис, уыдоны. Уадз ӕмӕ та, рагзаманты куыд уыдис, афтӕ Башан ӕмӕ Галаады хизой!
Денджызмӕ куы бартхъирӕн кӕна, уӕд бахус уыдзӕн, цӕугӕдӕттӕ байсысдзысты, Башан ӕмӕ Кармелы сӕрвӕттӕ бахус уыдзысты, баруайдзӕн Ливаны рӕсугъддзинад.
Лиддӕ ӕмӕ йӕ Шароны цӕрджытӕ се ’ппӕт дӕр федтой ӕмӕ се ’ргом Бардарӕгмӕ раздӕхтой.
Уыцы заман ын йӕ сахартӕ дӕр иууылдӕр басастам; мах кӕй нӕ бацахстам, иу ахӕм дӕр дзы нал баззад — ӕртиссӕдз сахары, Арговы алфамбылӕйттӕ иууылдӕр, Огы паддзахад Башаны.