6 Уый уыдзӕни уӕ царды фидар бындур, фӕрныгӕй уын ратдзӕн ирвӕзындзинад, уӕлзонд ӕмӕ зонынад, Хуыцауы тас уе стырдӕр хӕзна суыдзӕн.
Ӕмӕ Дунедарӕг дӕр аудыдта Езекиайыл, ӕмӕ уый йӕ алы хъуыддаджы дӕр уыд ӕнтыстджын. Ассирийы паддзахӕн нал уисӕн кодта, нал ын кодта лӕггад.
Хуыцауы тас дын ӕнцой хъуамӕ ма дӕттид, дӕ фӕндӕгты ӕнаипдзинад — фидар ныфс?
Ӕмӕ зӕгъдзысты: «Раст цыма зӕхх афастӕуыд ӕмӕ йӕ ныммур чындӕуыд, уыйау згъӕлынц не стджытӕ мӕрдтыбӕсты коммӕ».
Дунедарӕджы хъӕлӕсӕй ӕдзӕрӕг быдыр нынкъуысыд, сӕнкъуысти ӕдзӕрӕг быдыр Кадеш.
дӕтты уылӕнтӕ куы сабухой, хӕрдмӕ куы фӕцӕуой, ӕмӕ хӕхтӕ сӕ уынӕрӕй куы нынкъуысой, уӕд дӕр.
Куырыхонӕн йӕ кады худ — йӕ хъӕздыгдзинад, зондцух йӕхи йе ’дылы зондӕй сфӕлынды.
Хуыцауы тас — фидар мӕсыг, Йӕ сабитӕн Уый у ӕмбӕхсӕн.
Дунедарӕгӕй тас — царды гуырӕн, уый фӕрцы мӕлӕты ахсӕн хызӕй фервӕздзынӕ.
Фӕлтау дӕм бирӕ ма уӕд, фӕлӕ дӕм уӕд тас Дунедарӕджы раз, бирӕ мулк дӕм куы уа, уӕд уымӕн тӕрсыны бӕсты.
Дунедарӕгӕй тас цардмӕ кӕны, уыцы тасӕй йемыдзаг чи у, уый фынӕй кӕны ӕнӕмӕтӕй, фыдбылыз ӕм нӕ баххӕсдзӕн.
уӕд Дунедарӕгӕй тӕрсын цы нысан кӕны, уый бамбардзынӕ, уӕд базондзынӕ Хуыцауы.
Бӕстӕ змӕст куы уа, уӕд ын хицӕуттӕ бирӕ уыдзӕн, фӕлӕ зондджын ӕмӕ бирӕзонаг хицауимӕ нӕ фӕцуддзӕн.
Паддзах раст тӕрхонӕй бӕстӕ сфидар кӕны, гӕртӕмттӕ чи уарзы, уый та йӕ мӕгуырмӕ ’ртӕры.
Куырыхондзинад лӕджы ӕхцайау хорз хъахъхъӕны, фӕлӕ зонд хуыздӕр у, куырыхонтӕ удӕгасӕй баззайынц.
Куырыхон йӕ зонды фӕрцы сахары дӕс хицауӕй тыхджындӕр у.
Мӕ уаз хохыл сӕ кой дӕр нал уыдзӕн фыдми ӕмӕ знаггадӕн, уымӕн ӕмӕ, денджыз донӕй йемыдзаг куыд вӕййы, афтӕ ӕгас зӕххыл сбирӕ уыдзысты Дунедарӕджы тыххӕй зонындзинӕдтӕ.
Уыцы бон Иудейы зӕххыл ахӕм зарӕг сисдзысты: «Нӕ сахар хъомысджын у, фидар! Хуыцау нӕ фервӕзын кодта, сахары алыварс сис ӕмӕ сыджытбыру самайӕгау.
Уӕд раст тӕрхоны фӕрцы мыггагмӕ ӕрбынӕттон уыдзысты фарн, ӕнцой ӕмӕ ӕдасдзинад.
Мӕ адӕм цӕрдзысты фӕрнджын ран, ӕдас, ӕнӕмастӕй.
Уӕ цӕст ахӕссут Сионыл, нӕ бӕрӕгбӕтты сахарыл, ӕмӕ фендзыстут Йерусалим, йӕ фӕрнджын бынат, йе ’нӕфенкъуысгӕ Уаз цатыр. Уымӕн йӕ цӕджындзтӕ никуы ӕрцӕудзысты къахт, никуы атондзӕн йӕ бӕндӕнтӕй иу дӕр.
Фӕлӕ Дунедарӕг мыггагмӕ фервӕзын кӕндзӕн Израилы адӕмы. Тъымы-тъыматӕм дӕр никуы фегад ӕмӕ фӕхудинаг уыдзысты.
Рӕхджы ссӕрибар уыдзысты ахӕстытӕ, ныггӕнды сыдӕй нӕ амӕлдзысты.
Афӕлгӕсут-ма уӕлӕрвтыл! Ӕркӕсут-ма зӕхмӕ дӕр! Уӕлӕрвтӕ ӕрбайсӕфдзысты фӕздӕгау, зӕхх дӕр алӕбырдзӕн дарӕсау, йӕ цӕрджытӕн сыскъуыйдзӕни сӕ мыггаг. Ӕцӕг, Ӕз цы ирвӕзындзинад дӕттын, уымӕн йӕ фарн нӕ фесӕфдзӕни мыггагмӕ дӕр, Мӕ рӕстдзинадӕн сӕфӕн нӕй.
Алчи кӕрӕдзийы ӕмӕ ӕфсымӕр ӕфсымӕры нал ахуыр кӕндзӕн ӕмӕ нал дзурдзӕн, Дунедарӕджы базонут, зӕгъгӕ, — иууылдӕр Мӕ зондзысты, стырӕй, чысылӕй, — зӕгъы Дунедарӕг. — Ӕз сын сӕ фыдракӕндтӕ ныббардзынӕн, сӕ тӕригъӕдтӕ сын нал ӕрымысдзынӕн.
Денджыз донӕй йемыдзаг куыд у, афтӕ зӕхх дӕр, Дунедарӕг цӕйбӕрц кадджын у, уыцы зонынадӕй байдзаг уыдзӕн.
Фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы Паддзахад ӕмӕ Йӕ рӕстдзинад, ӕмӕ уын ӕппӕт уыдӕттӕ дӕр лӕвӕрд уыдзысты.
Нӕ зӕрдӕйӕн нын маст кӕнынц, мах та иудадзыг цин кӕнӕм; цыбыркъух стӕм, фӕлӕ бирӕты схъӕздыг кӕнӕм; ницы нӕм ис, фӕлӕ алцӕмӕн хицау стӕм.
Уымӕн ӕмӕ буар фӕлварын уадиссаг пайда нӕ дӕтты, Хуыцауӕн фӕндиагӕй цӕрын та алцӕмӕй дӕр пайда у — зӕрдӕ ӕвӕры абоны цардӕй дӕр ӕмӕ фидӕны цардӕй дӕр.
Уырнындзинад хъӕздыг кӕны, цы йӕм ис, уый фагыл чи нымайы, уыцы адӕймаджы.