24 Бӕстӕйы цӕрджытӕй ничиуал рахъаст кӕндзӕн, ӕдзухъом, рынчын дӕн, зӕгъгӕ. Се ’ппӕтӕн дӕр барст ӕрцӕудзӕни сӕ азым.
Дунедарӕг фехъуыста Езекиайы куывд ӕмӕ ныббарста адӕмӕн.
Загъта сын: «Дунедарӕгмӕ, уӕ Хуыцаумӕ, куы хъусат ӕмӕ, Йӕ разы раст цы у, уый куы кӕнат, Йӕ фӕдзӕхстытӕ Йын уӕ зӕрдыл куы дарат ӕмӕ Йын Йӕ уагӕвӕрдтӕ куы ӕххӕст кӕнат, уӕд, мысырӕгтыл цы низтӕ бафтыдтон, уыдонӕй уӕ никӕцыйы амӕттаг бакӕндзынӕн. Ӕз Дунедарӕг дӕн — уӕ Хосгӕнӕг».
Надцух ма стут, ӕнӕсӕттонтӕ? Сӕр хъӕдгӕмттӕй куынӕуал зыны, зӕрдӕ куы баруади.
Мӕй сӕрттивдзӕни хурау, хур та, цы у, уымӕй авд хатты рухсдӕрӕй, авд боны дӕргъы цы рухс ратты, уый йын цыма иу бонмӕ ӕрӕмбырд уыдзӕн, уыйау. Уыцы бон Дунедарӕг бабӕтдзӕни Йӕ адӕмы цӕфтӕ, байгас сын кӕндзӕни сӕ хъӕдгӕмттӕ.
Йерусалиммӕ рӕвдаугӕ дзурут. Зӕгъут ын, дӕ уацары бонтӕ, зӕгъ, фӕцыбыр сты, дӕ азым дын барст ӕрцыди. Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы къухӕй дывӕр ӕфхӕрд баййӕфта йӕ тӕригъӕдты тыххӕй!»
Мигъау уын ӕрбайсӕфтон уӕ азымтӕ, ӕврагъау — уӕ тӕригъӕдтӕ. Раздӕхут Мӕм — Ӕз уӕ Ирвӕзынгӕнӕг дӕн».
Гъеуӕд уӕ фарн сӕрттивдзӕн сӕууон хурау, ӕмӕ байгас уыдзысты уӕ хъӕдгӕмттӕ. Уӕ хорз хъуыддӕгтӕ цӕудзысты уӕ разӕй, ӕмӕ уыл Ме стыр арфӕ ’рцӕудзӕн.
Дӕ хосгӕнӕг суыдзынӕн Мӕхӕдӕг, дӕ цӕфтӕ дын байгас кӕндзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. — Дӕу хъодыгонд хуыдтой ӕмӕ дзырдтой: «Сионы сахар никӕйуал хъӕуы».
Уыцы заман, — зӕгъы Дунедарӕг, — Израилӕн агурдзысты йӕ азым, фӕлӕ аххосджын нӕ разындзӕн, Иудӕйӕн агурдзысты йӕ тӕригъӕд, фӕлӕ йӕ не ссардзысты, уымӕн ӕмӕ Ӕз, цардӕгасӕй кӕй ныууадздзынӕн, уыдонӕн ныххатыр кӕндзынӕн.
Ӕз дын ныббардзынӕн, цыдӕриддӕр ракодтай, уыдӕттӕ, ӕмӕ сӕ уӕд ӕрымысдзынӕ ӕмӕ ныфсӕрмы уыдзынӕ, ӕмӕ фыр ӕфсӕрмӕй дӕ дзых байгом кӕнын дӕр нал бафӕраздзынӕ», — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.
Уыцы бон Дунедарӕг Йерусалимы цӕрджытӕн сӕ сӕрыл рахӕцдзӕн, сӕ лӕмӕгъдӕр Давидау стыхджын уыдзӕн. Давиды хӕдзар та, йӕ разӕй чи цӕуы, уыцы Хуыцауы, Дунедарӕджы зӕды ӕнгӕс суыдзӕни.
Дунедарӕг дын мысырӕгты хуызӕн дӕ буар сынкъ ӕмӕ цъутхал фестын кӕндзӕн, хӕлмагӕй дӕ ницыуал зындзӕн, хордзоны тугнизӕй хъӕрздзынӕ ӕмӕ дын хос нӕ уыдзӕн.
Бахиздзӕн уӕ Дунедарӕг алы низӕй, Мысыры уе ’нӕзонгӕ чи нӕ уыд, ӕппӕт уыцы низтӕ сымахыл нӕ, фӕлӕ уӕ чи нӕ уарзы, уыдоныл бафтаудзӕн.
Рынчын уӕ исчи у? Фӕдзурӕд аргъуаны хистӕртӕм. Уыдон ӕй Бардарӕджы номыл байсӕрддзысты оливӕйы сойӕ ӕмӕ йын скувдзысты.
Ӕмӕ сын Хуыцау сӕ цӕстытӕй ныссӕрфдзӕни сӕ цӕссыг; нал уыдзӕн нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр хъыгтӕ, нӕдӕр хъарӕг, нӕдӕр рыст, уымӕн ӕмӕ, раздӕр цы уыди, уый аивгъуыдта».
сахары уынджы хӕд астӕуты. Йӕ фӕйнӕфарс дӕр зади, афӕдз дыууадӕс хатты, ӕрвылмӕй, дыргъ чи дӕтты, ахӕм царды бӕлас. Йӕ сыфтӕртӕ адӕмтӕн уыдысты ӕвдадзыхос.