Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Исайа 33:23 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

23 Нӕ бӕстӕ у денджызы науау, йӕ бӕндӕнтӕ — лӕмӕгъ, сӕ бон нал у наухъилтӕ бауромын, наупӕлӕзтӕ ныттынг кӕнын. Фӕлӕ ӕрцӕудзӕн ахӕм заман, ӕмӕ, фыдгултӕй цы бирӕ фӕллой баззайа, уый дихгонд ӕрцӕудзӕн нӕ адӕмыл, суанг ма къуылыхтӕ дӕр райсдзысты се ’фтиаджы хай.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Исайа 33:23
17 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уӕд адӕм сахарӕй рацыдысты ӕмӕ сириаг асадӕны ис-бис иууылдӕр рассывтой. Ӕмӕ уыцы бон ӕвзаргӕ ссады мӕрт уӕй кодтой иу шекелыл, хъӕбӕрхоры дыууӕ мӕрты дӕр — шекелыл, Дунедарӕг Елисейы уылты куыд загъта, афтӕ.


Ныр ацы хъотырджынтӕ та асадӕны кӕрон иу цатырмӕ бацыдысты, бахордтой, бануӕзтой ӕмӕ дзы ӕвзист, сыгъзӕрин ӕмӕ уӕлӕдарӕсӕй цы уыди, уыдон рахастой ӕмӕ сӕ бамбӕхстой. Бацыдысты ӕндӕр цатырмӕ дӕр ӕмӕ, уырдыгӕй дӕр цы рахастой, уый бамбӕхстой.


Иосафат ӕмӕ сӕм йӕ адӕм ныццыдысты ӕфтиаг ӕрӕмбырд кӕнынмӕ, ӕмӕ сӕм бирӕ мулк разынди, уӕлӕдарӕсӕй, зынаргъ дзаумайӕ. Уый бӕрц ӕфтиаг сӕм ӕрӕмбырд ис, ӕмӕ йӕ сӕ бон ахӕссын дӕр нӕ уыд, ӕртӕ боны йӕ фӕхастой.


Дарӕсы бӕсты мӕ уӕлӕ сӕхъис скодтон, ӕмӕ мӕ ӕмбисондӕн хӕссынц.


Сахары кулдуармӕ адӕм мӕ фыдгой кӕнынц, рассыггӕнджытӕ мыл айуаны зарджытӕ сисынц.


Додой дӕ къона, гӕныстонгӕнӕг, ныронг гӕныстойнаг чи нӕма фӕци! Додой дӕ къона, фӕлитой стигъӕг, ныронг стигъджыты амӕттаг чи нӕма баци! Дӕрӕн кӕнын ӕмӕ стигъын куынӕуал фӕразай, уӕд дын дӕхи дӕр ныддӕрӕн кӕндзысты, дӕхи дӕр дын бастигъдзысты.


Уыцы сахар фыдгулӕй бахизынӕн нал бахъӕудзӕн йӕ алыварс цӕугӕдӕттӕ ӕмӕ уӕрӕх къанӕуттӕ кӕнын, Дунедарӕг ӕй хъахъхъӕндзӕн Йӕхӕдӕг. Фыдгулты бӕлӕгътӕ ӕмӕ наутӕй сахармӕ иу дӕр ӕввахс не ’рбацӕудзӕн.


Мӕтыхтау уын уыдон уӕ фӕллоймӕ бырстой, мӕтыхты ӕвзӕнау ыл сӕхи цавтой.


асӕррӕтт кӕндзӕни сагау къуылых, гоби чи уыди, уый цины хъӕр сисдзӕн. Фестдзӕни суадӕтты гуырӕн сыгъд быдыр, тыгъд быдыр — цӕугӕдӕтты бӕстӕ.


Сава, Дедан ӕмӕ дын Таршишы ӕппӕт сӕудӕджертӕ зӕгъдзысты: ‚Ӕгъа! Ды ӕрцыдтӕ бастигъынмӕ, де ’фсад ӕрӕмбырд кодтай стыр ӕфтиаг ратӕлӕт кӕнынмӕ, ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин, фос ӕмӕ ӕндӕр мулк рассивынмӕ, цӕмӕй сафтид кӕнай бӕстӕ‘“.


Ӕртыккаг бон та науы гӕрзтӕ ракалдтам.


Фӕлӕ Хуыцау сӕвзӕрста, дунейы цӕсты ӕдылы чи у, уыдоны, цӕмӕй фӕкъӕмдзӕстыг кӕна зондджынты, ӕмӕ лӕмӕгъты — цӕмӕй фӕкъӕмдзӕстыг кӕна тыхджынты.


Уырдыгӕй Давид цыппарсӕдӕ лӕгимӕ дарддӕр ацыди амалекӕгты фӕдыл, дыууӕсӕдӕ лӕджы та баззадысты — афтӕ сӕнӕбон сты, ӕмӕ Бесоры тӕрфыл ахизынӕн нал уыдысты.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ