Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Исайа 33:19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

19 Никуыуал фендзыстут уыцы къӕйных адӕмы, нал сын фехъусдзыстут се ’нахуыр, сӕ зынӕмбарӕн ӕвзаг.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Исайа 33:19
10 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Гъемӕ сӕм ныццӕуӕм ӕмӕ сын се ’взаг схъомпал кӕнӕм, сӕ кӕрӕдзийы куыннӕуал ӕмбарой».


Уымӕ гӕсгӕ дын Дунедарӕг Ассирийы паддзахы тыххӕй афтӕ зӕгъы: уый ацы сахармӕ нӕ бацӕудзӕн, иу фат дӕр ыл не суадздзӕн, нӕ йӕм ӕрбаввахс уыдзӕн уартимӕ, йӕ ныхмӕ хӕцынмӕ сыджытбыру нӕ самайдзӕн.


«Ма тӕрсут! — дзырдта Моисей адӕмӕн. — Ӕнцад лӕуут ӕмӕ уӕхӕдӕг фендзыстут, ныртӕккӕ уӕ Дунедарӕг куыд фервӕзын кӕндзӕн, уый. Фӕстаг хатт ма уынут мысырӕгты — нырӕй фӕстӕмӕ сӕ нал фендзыстут.


Уый тыххӕй Дунедарӕг ацы адӕмимӕ ӕндӕр ӕвзӕгтыл, ӕцӕгӕлӕтты ӕвзӕгтыл дзурдзӕни.


Ардӕм кӕуылты ӕрбацыд, ууылты аздӕхдзӕни фӕстӕмӕ. Нӕ йын бантысдзӕн ацы сахармӕ бабырсын. Уый зӕгъын Ӕз — Дунедарӕг!


Ӕмӕ уӕд фӕстӕмӕ аздӕхт Ассирийы паддзах Санхериб ӕмӕ баззади Ниневийы.


Израилы хӕдзарвӕндаг, — зӕгъы Дунедарӕг, — дӕ ныхмӕ тох кӕнынӕн Ӕз дардӕй ӕрбакӕндзынӕн рагон ӕмӕ тыхджын адӕмы. Се ’взаг сын нӕ зоныс, ӕмӕ сын сӕ ныхӕстӕ не ’мбардзынӕ.


Ӕгъдауы фыст ис: «Ӕндӕр ӕвзӕгтыл, ӕцӕгӕлон ныхасыздӕхтӕй дзурдзынӕн ацы адӕмимӕ, фӕлӕ Мӕ уӕддӕр нӕ фехъусдзысты», — зӕгъы Дунедарӕг.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ