16 Ахӕм уаг кӕмӕдӕриддӕр уа, уыдонӕн сӕ цӕрӕнуӕттӕ уыдзысты бӕрзонд, ӕдас ран — хӕхты фидӕртты. Къӕбӕр ӕмӕ сӕ доны мӕт никуы уыдзӕн.
Илийа аракӕс-бакӕс кодта ӕмӕ йӕ нывӕрзӕны цур ауыдта зынджытыл фых лауаси ӕмӕ дурыны дзаг дон. Бахордта, бануӕзта ӕмӕ та фӕстӕмӕ бафынӕй.
Фӕрнджын у фӕлмӕнзӕрдӕ адӕймаг, рӕдауӕй ӕфстау чи дӕтты ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕ рӕстӕй чи аразы, уый.
Давиды зарӕг. Хъахъхъӕн мӕ, Дунедарӕг, уымӕн ӕмӕ Дӕуыл дарын мӕ зӕрдӕ!
Дунедарӕгмӕ чи сдзыназы, уыдоны Уый фехъусы ӕмӕ сӕ алы фыдбылызӕй дӕр бахизы.
Ме уӕнгтӕ иууылдӕр зӕгъдзысты: «О Дунедарӕг, Дӕуӕн ӕмбал кӕм ис? Дӕуау кӕй бон суыдзӕн ӕнӕбоны тыхджыны къухӕй скъахын, мӕгуыр ӕмӕ гӕвзыччы стигъджытӕй фервӕзын кӕнын?»
Дӕ фӕттӕ нынныхстысты мӕ буары, ӕруӕз мыл кодта Дӕ къух.
Мӕ хуыссӕны дӕр Дӕ ӕрымысын, ӕхсӕвыгон дӕр Демӕ сты мӕ хъуыдытӕ.
Иууылбӕрзондӕн Йӕ дӕлбазыр чи цӕры, уый Ӕппӕтхъомысы аууоны ссары ӕнцой.
Дунедарӕджы хӕдзары кӕй ныссагътой, уыдон дидинӕг калынц нӕ Хуыцауы кӕртыты,
Чи мӕм хъусы, уый та цӕрдзӕн сабыр ӕмӕ ӕдасӕй, фыдбылызӕй нӕ тӕрсдзӕн».
Раст фӕндагыл чи цӕуы, уый ӕдас у, галиу фӕндӕгтыл чи цӕуы, уый та ӕфхӕрд баййафдзӕн.
Зивӕггӕнаг кусӕг дӕрӕнгӕнӕгӕй уӕлдай нӕу.
Мӕгуыргуртӕн, ӕдзухъомтӕн сӕ тыхсты заман Ды — се ’мбӕхсӕн: тыгъдызӕйӕ сӕ хъахъхъӕдтай, ӕнтӕфы-иу сын аууон фестадтӕ. Тыхгӕнджыты улӕфт — ӕнгом быруйыл хи ныххуырсӕг уадау;
Дунедарӕг уӕ бафсаддзӕни хъыджы дзулӕй, хъизӕмары донӕй. Фӕлӕ уӕ Зондамонӕг Йӕхи нал ӕмбӕхсдзӕн сымахӕй, уӕ Зондамонӕджы уӕхи цӕстӕй фендзыстут.
Мӕ адӕм цӕрдзысты фӕрнджын ран, ӕдас, ӕнӕмастӕй.
Нӕ мӕлдзысты стонг ӕмӕ дойныйӕ, хур дӕр сӕ нӕ судздзӕн. Уымӕн ӕмӕ сын Ӕз тӕригъӕд кӕндзынӕн, хондзынӕн сӕ Мӕ фӕдыл ӕмӕ сӕ кӕндзынӕн суадӕтты цурмӕ.
Ӕмӕ уӕд Мӕхӕдӕг суыдзынӕн уӕ цины суадон. Сисдзынӕн уӕ алы бӕрзӕндтӕм ӕмӕ уын саккаг кӕндзынӕн, кӕддӕр уӕ фыдӕл Йаковӕн цы исбон балӕвар кодтон, уый». Афтӕ загъта Дунедарӕг.
Паддзах Цедекиайы бардзырдмӕ гӕсгӕ Йеремиайы хъахъхъӕнджыты кӕртмӕ акодтой ӕмӕ йын алы бон дӕр кӕрдзынгӕнджыты сыхӕй иу кӕрдзын хастой, цалынмӕ сахары дзул нӕ фӕци, уӕдмӕ. Афтӕмӕй Йеремиа хъахъхъӕнджыты кӕрты баззади.
Дунедарӕг ныннӕрдзӕн Сионӕй, Йӕ хъӕлӕс райхъуысдзӕн Йерусалимӕй, арв ӕмӕ зӕхх сӕнкъуысдзысты. Фӕлӕ Дунедарӕг хъахъхъӕндзӕн Йӕ адӕмы, израилӕгтӕн суыдзӕн сӕ фидар.
Дунедарӕг Хуыцау — мӕ хъару! Мӕ къӕхтӕ мын саджы хуызӕн сфидар кӕндзӕн, ахондзӕн мӕ нӕ хӕхты бӕрзӕндтӕм! [Зарджыты къорды разамонӕгӕн: хъисфӕндырты цагъдимӕ.]
Ратт нын абон цӕрынваг къӕбӕр.
Тӕхудиаг дӕ ды, Израил! Кӕм ис сымахӕн ӕмбал, Дунедарӕг йӕ хъахъхъӕнӕг, йӕ уарт ӕмӕ йӕ кады кард кӕмӕн у, уыцы адӕм? Сымахӕн уе знӕгтӕ ӕрныллӕг уыдзысты уӕ разы, сымах та сын сӕ фӕсонтыл къахӕй лӕудзыстут».