14 Сионы тӕригъӕдджынтӕ фӕтарстысты, ӕмризӕджы барызтысты ӕмӕ загътой: «Ӕнауӕрдон артӕн чи бафӕраздзӕн? Ӕнӕхуысгӕ пиллоны мидӕг цӕрын кӕй бон бауыдзӕн?»
Йӕ алыварс ӕй алцы тасы ӕфтаудзӕн, фыр тӕссӕй йӕ сӕр йӕ кой суыдзӕн.
«Мӕгуыртӕ удхар кӕнынц, ӕнӕбонтӕ дзыназынц, — ныр Ӕз сӕ фарс рахӕцдзынӕн, йӕ фӕдыл кӕмӕн зилынц, уый фервӕзын кӕндзынӕн», — зӕгъы Дунедарӕг.
«Дунедарӕгыл дардта йӕ зӕрдӕ — фервӕзын ӕй кӕнӕд ныр! Кӕд Ын афтӕ адджын у, уӕд ӕй Уый бахизӕд!»
Батӕригъӕд мын кӕн, Хуыцау, Де стыр хорзӕхмӕ гӕсгӕ, ссыгъдӕг мӕ кӕн тӕригъӕдтӕй Де стыр уарзты хатырӕй.
Ӕцӕгӕлӕттӕ сыстадысты мӕ ныхмӕ, ӕгъатыртӕ мӕ хъавынц амарынмӕ, Хуыцауы дӕр ницӕмӕуал дарынц.
Ӕнӕхуыцау, куы ничи йӕ сура, уӕд дӕр лидзгӕ кӕны, рӕстуд та домбайау хъӕбатыр у.
Фыдгӕнджытӕ ӕмӕ тӕригъӕдджынтӕ саст ӕрцӕудзысты, Дунедарӕджы чи ныууагъта, уыдон иууылдӕр бабын уыдзысты.
Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Ассирийы гуыппырсартӕн фесафдзӕни сӕ хъару, йӕ кад ын басудздзӕни артау.
Ассириӕгты арвитдзынӕн ӕнӕхуыцау адӕмы, Мӕ маст кӕмӕ ссыгъди, уыдоны ныхмӕ — уадз ӕмӕ сӕ бастигъой, сафтид сӕ кӕной, уынгты рыгау сӕ бассӕндой.
Дунедарӕг загъта: «Ацы адӕм Мын кад кӕнынц дзыхы ныхасӕй, ӕрмӕстдӕр се ’взагӕй, сӕ зӕрдӕ та дард у Мӕнӕй. Кувынц Мӕм, ӕрмӕст ӕгъдау афтӕ кӕй домы, уымӕн.
Уӕларвӕфсады Бардарӕг дыл Йӕ азар ныххуырсдзӕни ӕрвнӕрдау, зӕххӕнкъуыстау, ӕвирхъау тыхджын уынӕрау, уадтымыгъау, тыгъдызӕйау, алцы ныхъуырӕг артау.
Ӕмризӕджы ризут, ӕнӕмӕттӕ! Тӕрсут, ӕнӕмӕттӕ! Уӕ дарӕстӕ раласут ӕмӕ уӕ уӕлӕ сӕхъистӕ скӕнут.
Едомӕн йӕ дӕттӕ фестдзысты писи, йӕ мӕр — сондон. Афтӕмӕй йӕ зӕхх иууылдӕр фестдзӕни судзгӕ писи,
Фӕлӕ уыдон хъӕмпӕй уӕлдай не сты: арты басыгъдысты, сӕхи дӕр нӕ бахызтой артӕй. Зынджы мур дӕр нал аззад хи ахъарм кӕнынӕн, артӕн йӕ кой дӕр нал ис йӕ фарсмӕ абадынӕн.
Уымӕ гӕсгӕ, хъӕмп зынджы амӕттаг куыд бавӕййы, хосы мӕкъуылтӕ пиллон арты куыд асудзынц, афтӕ сӕ уидаг амбидзӕн, сӕ дидинвӕлыст рыг фестдзӕн, уымӕн ӕмӕ уыдон се ’ргом аздӕхтой Уӕларвӕфсады Бардарӕджы ӕгъдауӕй, ницӕмӕ ӕрдардтой Израилы Уаз Хуыцауы ныхас.
Фӕссахармӕ-иу куы рацӕуой, уӕд та-иу, ӕлгъгӕнгӕйӕ, афӕлгӕсдзысты, йе ’ргом Мӕ чи аздӕхта, уыдоны мӕрдтыл. Уыдоны хъизӕмарӕн кӕрон нӕ уыдзӕни: нӕдӕр сӕ къуыдыргалм искуы ныммӕлдзӕн, нӕдӕр, цы арты мидӕг судзынц, уый искуы ахуысдзӕн».
Давиды хӕдзармӕ фӕхӕццӕ чындӕуыд, Арамы ӕфсад Ефремы зӕххыл рӕсӕнуат скодтой, зӕгъгӕ, ӕмӕ паддзах ӕмӕ йӕ адӕмы зӕрдӕтӕ барызтысты, хъӕды бӕлӕстӕ дымгӕмӕ куыд баризынц, уыйау.
Уымӕ гӕсгӕ сын Дунедарӕг нӕ бацин кӕндзӕни сӕ лӕппутыл, нӕ сын батӕригъӕд кӕндзӕни сӕ сидзӕртӕ ӕмӕ сӕ идӕдзтӕн, уымӕн ӕмӕ иууылдӕр цӕстфӕлдахджытӕ ӕмӕ фыдгӕнджытӕ сты, сӕ дзыхы ныхас — ӕлгъаг. Фӕлӕ Дунедарӕджы маст ууыл дӕр нӕ басабыр уыдзӕн, ӕвзиддзӕни сӕм ноджыдӕр.
Уымӕн ӕмӕ се ’нӕуагдзинад арт уадзы, каконтӕ ӕмӕ сындзытӕ ныхъуыры, тар хъӕды бӕлӕстӕ судзы, ӕмӕ арвмӕ арты фӕздӕг къуыбылӕйттӕй ссӕуы.
Уӕларвӕфсады Бардарӕджы азар сараудзӕни зӕхх, адӕм арты амӕттаг бауыдзысты, иу сӕ иннӕуыл нал ауӕрддзӕн.
Мӕ адӕмӕй тӕригъӕдджын чи у, фыдбылыз нӕм ӕввахс не ’рбацӕудзӕн, зӕгъгӕ, чи дзуры, уыдон иууылдӕр карды цӕфӕй цагъды фӕуыдзысты.
Чи фӕлӕудзӕн Йӕ масты ныхмӕ? Йӕ масты пиллӕттӕн чи бафӕраздзӕн? Пиллон артау ныккалы Йӕ маст, ӕмӕ Йӕ разы къӕдзӕхтӕ ныппырх вӕййынц!
Йе ’рцыды бон куы ралӕууа, уӕд чи бафӕраздзӕн? Уый куы фӕзына, уӕд чи нӕ фӕцуддзӕн? Уый у згъӕртайынгӕнӕн пецы арт, сыгъдӕггӕнӕг фӕныкдон.
Дӕ къух кӕнӕ дӕ къах дӕ кӕд рӕдийын кӕны, уӕд ӕй ралыг кӕн ӕмӕ йӕ аппар: хуыздӕр дын у ӕнӕ къух кӕнӕ ӕнӕ къахӕй мыггагмӕйы цардмӕ бацӕуын, цӕйнӕфӕлтау ӕд къах, ӕд къух ӕнӕхуысгӕ арты ӕппӕрст ӕрцӕуай.
ӕмӕ йӕ бафарста: „Мӕ хӕлар, ӕнӕ бӕрӕгбоны дарӕсӕй ардӕм куыд ӕрбацыдтӕ?“ Уый ныхъхъус ис.
ӕгъатырӕй йӕ бафхӕрдзӕн ӕмӕ йын дыдзӕсгӕмтты хал ахӕрын кӕндзӕн. Се ’хсӕнӕй ма йӕ кӕуын ӕмӕ йӕ дӕндӕгты хъыс-хъыс хъуысдзӕни.
Уӕд, Йӕ галиуфарс чи ис, уыдонӕн та зӕгъдзӕн: „Ацӕут Мӕнӕй, ӕлгъыстытӕ, хӕйрӕгӕн ӕмӕ йӕ зӕдтӕн цӕттӕгонд цы мыггагмӕйы арт ис, уырдӕм.
Ӕмӕ уыдон ацӕудзысты ӕнусмӕ хъизӕмар кӕнынмӕ, рӕстудтӕ та — ӕнусон цардмӕ».
Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, пиллон арт у, ӕнувыддзинад домӕг Хуыцау!
Йӕ маст райсдзӕни, Хуыцауы чи нӕ зоны ӕмӕ нӕ Бардарӕг Йесойы Фарны Уацы коммӕ чи нӕ кӕсы, уыдонӕй.
Уымӕн ӕмӕ нӕ Хуыцау пиллон арт у.
уый Хуыцауы азары кӕхцӕй нуаздзӕн, ӕндӕр истӕимӕ хӕццӕ чи нӕу, Йӕ уыцы фыдӕхы сӕнӕй ӕмӕ сыгъдӕг зӕдты ӕмӕ Уӕрыччы раз хъизӕмар кӕндзӕни сондон арты.
Чи сӕ сайдта, уыцы хӕйрӕджы та ныппӕрстӕуыд, сырд ӕмӕ мӕнгпехуымпар кӕм сты, уыцы судзгӕ сондоны цадмӕ, ӕмӕ уым ӕхсӕвӕй-бонӕй хъизӕмар кӕндзысты мыггагӕй-мыггагмӕ.