Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Исайа 32:19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

19 Их-иу куы ныууара — ӕрмӕстдӕр хъӕды бӕлӕстыл. Сахары цӕрджытӕ-иу дӕлвӕзмӕ ӕрхиздзысты ӕдасӕй, ӕнӕкъуылымпыйӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Исайа 32:19
24 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ныффӕйлаудзӕн ын йӕ диссаджы хъӕдтӕ ӕмӕ дыргъдӕттӕ бӕласӕй, къутӕрӕй. Афтӕмӕй Ассирийы бӕстӕ мӕлӕтдзаг рынчыны хал ахӕрдзӕн.


Йӕ хъӕдты ма бӕлӕстӕ афтӕ чысыл баззайдзӕн, ӕмӕ сӕ суанг саби дӕр анымайдзӕн.


Мӕнӕ Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Йӕ тасӕфтауӕг хъомысӕй бӕлӕсты къалиутӕ ныссӕтдзӕн! Бӕрзонд бӕлӕстӕ акӕлдзысты, бӕрзӕндтӕ ӕрфӕлдӕхдзысты.


Федзӕрӕг сахар, ныппырх, йӕ хӕдзӕрттӕ — ӕхгӕд, бацӕуӕн сӕм нӕй.


Сахар ныззаууат, йӕ кулдуар рафӕлдӕхт.


Дӕ фӕндӕй сахар дурты цӕнд фестад, бырухгӕд сахар — хӕлддзӕгтӕ; ӕнӕхуыцӕуттӕ нал ис сахары, хӕлддзӕгты бынӕй нал сыстдзӕн мыггагмӕ.


Мӕгуыргуртӕн, ӕдзухъомтӕн сӕ тыхсты заман Ды — се ’мбӕхсӕн: тыгъдызӕйӕ сӕ хъахъхъӕдтай, ӕнтӕфы-иу сын аууон фестадтӕ. Тыхгӕнджыты улӕфт — ӕнгом быруйыл хи ныххуырсӕг уадау;


Уый раппӕрста, уӕлиау чи царди, уыдоны, бӕрзонд лӕууӕг сахар ныппырх кодта ӕмӕ йӕ рыджы хай бакодта.


Бырухгӕд сахар баззайдзӕни дзӕгъӕлӕй, адӕм ныууадздзысты сӕ хӕдзӕрттӕ, сафтид уыдзысты ӕдзӕрӕг быдырау. Ривӕд дзы кӕндзысты родтӕ, зӕххыл хуысдзысты, къалиутӕ ’хсындзысты.


Уым Мӕ раст тӕрхон ӕрӕвӕрдзынӕн барӕн синагау, Мӕ рӕстдзинад та — ауыгъд здыйау». Уе ’мбӕхсӕн — мӕнгдзинад, фӕлӕ йӕ ихуард ныххафдзӕн, доны бын фӕуыдзӕн.


Мӕнӕ сын Дунедарӕг сӕ ныхмӕ рарвитдзӕни тыхджын ӕфсад ӕмӕ сӕ уыдон бабын кӕндзысты тыгъдызӕй, ихуард ӕмӕ сӕфты тымыгъау, доны хъаймӕтау;


Афӕлдӕхдзынӕ зӕххыл, рыджы бынӕй дӕ хъӕлӕс рӕстмӕ хъуысгӕ дӕр нал кӕндзӕн, мӕрдтӕмсидӕг дӕлдзӕхӕй кӕй рахоны, раст уыцы ӕндӕрджы дыгъал-дыгъулау уыдзӕни.


Уӕд ныййазӕлдзӕни Дунедарӕджы нӕргӕ хъӕлӕс; Йӕ хъомыс равдисдзӕни Йӕ фыр мӕстӕй пиллонкалгӕ арт, тыгъдызӕй ӕмӕ ихуарды хуызы.


Дӕ цагъартӕн бафӕдзӕхстай Мӕн фауын. Дӕхи стыдтай, мӕ бирӕ бӕхӕфсадимӕ, дам, схызтӕн хӕхты бӕрзӕндтӕм, Ливаны рӕгътӕм. Ныццагътон, дам, ын йӕ бӕрзонд кедр бӕлӕстӕ, йӕ хуыздӕр кипаристӕ. Схызтӕн, дам, ын йӕ бӕрзонддӕр хохмӕ, бацыдтӕн йӕ хуыздӕр хъӕдмӕ.


Рагуац Ниневийы тыххӕй. Елкошаг Наумы чиныг — цӕстылуайӕнты йын цы раргом ис, уый.


Фӕлӕ ацы сахар фесафдзӕн, доны бын ӕй фӕкӕндзӕн, Йе знӕгты саудалынгмӕ ныппардзӕн!


Дзыназ, кипарис: ӕрхауди кедр, акалдысты уӕйгуытӕ! Ныдздзыназут, Башаны тулдзтӕ — тар хъӕд акалдӕуыд йӕ рӕбынӕй!


Уарын фемӕхсти, дӕттӕ раивылдысты, дымгӕ сыстади, ӕмӕ ахӕцыдысты уыцы хӕдзарыл, фӕлӕ не ’ркалди, уымӕн ӕмӕ дурыл ӕвӕрд уыди.


Иу тыхджын зӕд систа куыройы фыды йас стыр дур, нывзылдта йӕ денджызмӕ ӕмӕ загъта: «Афтӕ дӕлӕмӕ ныххаудзӕн Вавилоны стыр сахар ӕмӕ нал уыдзӕн.


Фыццаг зӕд сыкъауадындзӕй ныууасыд, ӕмӕ зӕххыл ныууарыдысты их ӕмӕ арт тугӕмхӕццӕйӕ. Басыгъд зӕххы ӕртыццаг хай, басыгъд бӕлӕсты ӕртыццаг хай, басыгъд цъӕх кӕрдӕг ӕгасӕй дӕр.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ