Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Исайа 32:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Мӕ адӕм цӕрдзысты фӕрнджын ран, ӕдас, ӕнӕмастӕй.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Исайа 32:18
26 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Цӕмӕй Дӕ уарзон адӕм сӕрӕгасӕй баззайой, уый тыххӕй сӕ фервӕзын кӕн Дӕ рахиз къухы хъомысӕй! Ратт мын дзуапп!


Ихуард нӕ уыдис ӕрмӕстдӕр Гошены зӕххыл — уым израилӕгтӕ цардысты.


Ӕнӕхуыцау! Рӕстуды хӕдзары раз асадӕны ма бад, йӕ хӕдзар ын ма сафтид кӕн,


Уыцы заман куы ралӕууа, уӕд, Йессейы Ӕвзарӕй цы тала сырӕза, уый адӕмтӕн суыдзӕни цӕстуынгӕ нысан, адӕмтӕ йӕ бацагурдзысты. Цы бынаты ӕрцӕра, уымӕн йӕ кады кой айхъуысдзӕни дӕрдтыл.


Дунедарӕг кӕрон куы скӕна уӕ цагъардзинадӕн, куы уӕ фервӕзын кӕна уӕ тас ӕмӕ уӕ хъыгӕй, уе ’фхӕрджытӕн цы уӕззау куыстытӕ кодтат, уыдонӕй,


Дунедарӕг тӕрхон кӕндзӕнис адӕмтӕн, бирӕ знӕмтӕн бауайдзӕф кӕндзӕн. Уыдон сӕ кӕрдтӕй сараздзысты гутонтӕ, се ’рцытӕй — ӕхсырфытӕ, ногӕй сӕ рацӕгъддзысты, афтӕмӕй. Адӕмтӕ кӕрӕдзимӕ кӕрдтӕ нал сисдзысты ӕмӕ хӕстмӕ сӕхи нал цӕттӕ кӕндзысты.


О Дунедарӕг! Ды нын фарн балӕвар кӕндзынӕ. Нӕ хъуыддӕгтӕ иууылдӕр — Дӕуӕй аразгӕ.


Удвидар, ӕнӕфӕцудгӕ чи у, уыдоны Ды схайджын кӕныс фарнӕй, уымӕн ӕмӕ Дӕуӕй сты ныфсджын.


Уый сын раздӕр дзырдта: «Ацы ран уӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы ӕнцой, уадз ӕмӕ фӕллад адӕм баулӕфой. Ацы ран у ӕнцойы бынат». Фӕлӕ Йӕм уыдон нӕ байхъуыстой.


Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, Израилы Уаз Хуыцау: «Фӕстӕмӕ куы раздӕхиккат ӕмӕ куы ӕрӕнцаиккат, уӕд фервӕзиккат. Уӕ зӕрдӕ Мыл куы дариккат, куы Мыл ӕууӕндиккат, уӕд уаиккат хъомысджын». Фӕлӕ сымах уый нӕ фӕнды


Уый уыдзӕни уӕ царды фидар бындур, фӕрныгӕй уын ратдзӕн ирвӕзындзинад, уӕлзонд ӕмӕ зонынад, Хуыцауы тас уе стырдӕр хӕзна суыдзӕн.


Араздзысты хӕдзӕрттӕ ӕмӕ сӕ цӕрдзысты. Садздзысты сӕнӕфсиры талатӕ ӕмӕ сӕхицӕн тондзысты сӕнӕфсир.


Мӕ хӕхбӕстӕ исбонӕн кӕмӕн радтон, уыцы Йаков ӕмӕ Иудӕйӕн фидӕнмӕ сбирӕ кӕндзынӕн сӕ байзӕддӕгты. Ме ’взӕрст цагъартӕн уыцы хӕхбӕстӕ суыдзысты фыдӕй-фыртмӕйы исбон, ӕмӕ дзы цӕрдзысты мыггагмӕ.


Уыцы заман Иудей фервӕздзӕн, Йерусалим ӕдасӕй цӕрдзӕн, схондзысты йӕ: „Дунедарӕг — нӕ рӕстад“.


Адӕмтӕн нал уыдзысты ӕфтиаг, нал сӕм лӕбурдзысты хъӕддаг сырдтӕ дӕр. Ӕдасӕй цӕрдзысты ӕмӕ сыл тас ничиуал ӕфтаудзӕни.


Ӕз сахары алыварс ӕхсидгӕ сис фестдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ йӕ адӕмы ’хсӕн скадджын уыдзынӕн. Лидзгӕут цӕгатӕй, — зӕгъы Дунедарӕг, — уымӕн ӕмӕ уӕ Ӕз, дымгӕмӕ фӕйлауӕгау, алы рӕтты ныххӕлиу кодтон, — зӕгъы Дунедарӕг.


Уымӕн ӕмӕ афтӕ зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг: хӕлӕттаг уӕ чи фӕкодта, уыцы адӕмтӕм Мӕ Уый рарвыста Йӕ кадӕн, уымӕн ӕмӕ, сымахыл чи ӕндзӕвы, уый Йӕ цӕсты гагуыйыл андзӕвы:


Уыцы бон, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — уӕ кӕрӕдзийы сӕнӕфсир ӕмӕ легъуи бӕласы бын абадынмӕ хондзыстут».


Уӕдӕ Хуыцауы адӕмӕн сӕ фӕлладуадзӕн сабат нырма ӕрцӕуинаг у.


Хуыцау мах кӕй уарзы, уый базыдтам ӕмӕ баууӕндыдыстӕм уыцы уарзтыл. Хуыцау у уарзондзинад, ӕмӕ, чи уарзы, уый баиу Хуыцауимӕ ӕмӕ Хуыцау баиу йемӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ