30 Уӕд ныййазӕлдзӕни Дунедарӕджы нӕргӕ хъӕлӕс; Йӕ хъомыс равдисдзӕни Йӕ фыр мӕстӕй пиллонкалгӕ арт, тыгъдызӕй ӕмӕ ихуарды хуызы.
Миты ӕфтауцдоны искуы уыдтӕ, ихы хӕзнадон искуы федтай,
бӕллӕхы заманмӕ кӕй ӕвӕрын, хӕст ӕмӕ тохы бонмӕ?
Уӕд Ӕз Мӕхӕдӕг дӕр баууӕнддзынӕн, дӕ рахиз къух дӕ кӕй фервӕзын кӕндзӕн, ууыл.
Йӕ афоны сын зӕгъдзӕни мӕстыйӕ, Йӕ судзгӕ мастӕй сыл тас бафтаудзӕн:
Цины уынӕримӕ Хуыцау ссыди уӕлӕмӕ, ссыди Хуыцау сыкъауадындзы зӕлтимӕ.
Дунедарӕг у Паддзах, ӕмризӕджы ризӕнт адӕмтӕ! Уый ӕнцайы херувимтыл; уадз ӕмӕ ӕнкъуыса зӕхх!
Бахӕцӕд се ’ппӕтыл тас ӕмӕ ризӕг! Дӕ хъомысӕй цавддуртӕ фестӕнт, цалынмӕ, Дунедарӕг, Дӕ адӕм цӕуой, уӕдмӕ, Дӕхи кӕй бакодтай, уыцы адӕм!
Моисей йӕ лӕдзӕг арвмӕ сарӕзта, ӕмӕ Дунедарӕг зӕххыл арвы нӕрын, ихуард ӕмӕ ӕрвдзӕхӕр рауагъта. Дунедарӕг их ӕрцӕуын кодта Мысыры ӕппӕт зӕххыл дӕр.
Их йӕ уарынӕй не ’нцад, арвы судзгӕ фӕттӕ йе ’хсӕнты цӕхӕртӕ калдтой. Ахӕм ӕбуалгъ ихуард цӕрынӕй-хӕрынмӕ никуыма федтой Мысыры цӕрджытӕ.
Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Ассирийы гуыппырсартӕн фесафдзӕни сӕ хъару, йӕ кад ын басудздзӕни артау.
Уӕларвӕфсады Бардарӕг сӕм галтӕрӕн ехсӕй февзиддзӕн ӕмӕ, кӕддӕр Сынты Къӕдзӕхы цур мидианӕгты куыд ныддӕрӕн кодта, афтӕ адоныл дӕр нӕ бацауӕрддзӕн. Денджызмӕ февзиддзӕни Йӕ лӕдзӕгӕй, кӕддӕр Мысырмӕ куыд февзыста, афтӕ.
Сар сӕ сӕр кӕны ассириӕгтӕн — Мӕ масты лӕдзӕг ӕмӕ Мӕ азары ехсӕн!
Мӕнӕ сын Дунедарӕг сӕ ныхмӕ рарвитдзӕни тыхджын ӕфсад ӕмӕ сӕ уыдон бабын кӕндзысты тыгъдызӕй, ихуард ӕмӕ сӕфты тымыгъау, доны хъаймӕтау;
Уӕларвӕфсады Бардарӕг дыл Йӕ азар ныххуырсдзӕни ӕрвнӕрдау, зӕххӕнкъуыстау, ӕвирхъау тыхджын уынӕрау, уадтымыгъау, тыгъдызӕйау, алцы ныхъуырӕг артау.
Сымахӕн та азӕлдзысты уӕ зарджытӕ, уӕ уаз бӕрӕгӕхсӕв куыд уыдис, афтӕ. Цинӕй райдзӕни уӕ зӕрдӕ, Хуыцауы хохмӕ, Израилы фидармӕ, уадындзӕй цӕгъдгӕ чи ссӕуы, уыйау.
Ассири ӕмризӕджы нырриздзӕн Дунедарӕджы хъӕрӕй, Йӕ лӕдзӕджы цӕфӕй.
Дунедарӕг мын загъта: «Домбай йӕ амӕттаджы сӕрмӕ куыд фӕрыхы, суанг йӕ ныхмӕ бирӕ фыййӕуттӕ куы ’рӕмбырд вӕййынц, уӕд дӕр сӕ хъӕрӕй ӕмӕ сӕ уынӕрӕй куыннӕ фӕтӕрсы, афтӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг дӕр тох кӕндзӕни Сионы сӕраппонд, ацы хохы сӕрвӕлтау.
Их-иу куы ныууара — ӕрмӕстдӕр хъӕды бӕлӕстыл. Сахары цӕрджытӕ-иу дӕлвӕзмӕ ӕрхиздзысты ӕдасӕй, ӕнӕкъуылымпыйӕ.
Сионы тӕригъӕдджынтӕ фӕтарстысты, ӕмризӕджы барызтысты ӕмӕ загътой: «Ӕнауӕрдон артӕн чи бафӕраздзӕн? Ӕнӕхуысгӕ пиллоны мидӕг цӕрын кӕй бон бауыдзӕн?»
Адӕмӕн уыдзӕни цатырау, цӕмӕй сын аууон дара боны ӕнтӕфы, бааууон-иу сӕ кӕна къӕвда ӕмӕ тыгъдызӕйы заман.
Раст-ма, раст, Дунедарӕг! Равдис Дӕ хъомыс! Раст-ма, рагзаманты-иу куыд растадтӕ, афтӕ! Ды акъӕртт кодтай Рагавы. Скъуыхтӕ кодтай залымы.
Дунедарӕг Йӕ уаз хъомыс равдыста адӕмтӕн се ’ппӕтӕн. Дунейӕн йӕ иу кӕронӕй йӕ иннӕ кӕронмӕ иууылдӕр уыдзысты ӕвдисӕн, нӕ Хуыцау нӕ куыд фервӕзын кодта, уымӕн.
Дунедарӕг ард бахордта Йе стыр хъомысӕй: «Дӕ хойраг дын нал ратдзынӕн дӕ фыдгултӕн, цы сӕныл бафыдӕбон кодтай, уый дын нал нуаздзысты ӕцӕгӕлӕттӕ.
Фӕзындзӕни пиллонкалгӕ, Йӕ тохуӕрдӕттимӕ сыл уадау Йӕхи ныццӕвдзӕн ӕмӕ сыл ӕгъатырӕй ныккалдзӕни ӕхсидгӕ масты цӕхӕр.
Дунедарӕг арт ӕмӕ кардӕй тӕрхон кӕндзӕн адӕмӕн, ӕмӕ Дунедарӕджы цӕфӕй бирӕтӕ сӕ мӕлӕт ссардзысты.
Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: «Мӕнӕ иу адӕмӕй иннӕмӕ фыдбылыз цӕуы, зӕххы кӕрӕттӕй стыр тымыгъ сыстад».
Херувимтӕн сӕ базырты уынӕр хъуысти суанг ӕддаг кӕртмӕ, уыцы уынӕр уыдис Ӕппӕтхъомысы хъӕлӕсы ӕнгӕс, Уый дзургӕ куы фӕкӕны, уӕд.
Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: «Мӕ фыр мӕстӕй уыл ныххуырсдзынӕн уаддым, тыгъдызӕй ӕмӕ их дуртӕ, ӕмӕ уӕ бабын кӕндзынӕн.
Ӕфсӕнуӕрдӕтты гыбар-гыбурау сӕррӕт кӕнынц хӕхты сӕртыл; цыма арт хъӕмп фӕныхъуыры, уыйау ныкъкъӕр-къӕр кӕнынц. Ӕнӕнымӕц ӕфсад хӕстмӕ куыд рарӕнхъ вӕййы, уый ӕнгӕс сты.
Раввайы фиддӕрттыл арт бандзардзынӕн. Алырдыгӕй тохы хъӕртӕ хъуысдзысты, афтӕмӕй судздзысты йӕ галуантӕ, тымыгъы сӕм зилгӕ уад ӕрбабырсдзӕн.
Хӕхтӕ атайдзысты Йӕ быны; мыдадз артӕй куыд акъӕртт вӕййы, къӕдзӕхы фахсыл дон куыд рацӕйзгъоры, афтӕ дӕлвӕзтӕ фӕркгай фӕхаудзысты.
Сыстдзысты адӕм адӕмы ныхмӕ ӕмӕ паддзахад паддзахады ныхмӕ, ранӕй-рӕтты скӕндзӕни стонг рӕстӕг, уыдзӕни зӕххӕнкъуыстытӕ.
Йӕ къухы хъомыс равдыста ӕмӕ ныххӕлиу кодта, сӕрыстыр чи у, уыдоны сӕ фӕндтимӕ.
Йӕ маст райсдзӕни, Хуыцауы чи нӕ зоны ӕмӕ нӕ Бардарӕг Йесойы Фарны Уацы коммӕ чи нӕ кӕсы, уыдонӕй.
Дунедарӕг аморӕгты удаист фӕкодта израилӕгты уындӕй, ӕмӕ сӕ израилӕгтӕ ныццагътой Гивоны цур. Стӕй сӕ Бет-Хороны ӕрхизӕныл суанг Азека ӕмӕ Македайы онг дӕрӕнгӕнгӕ сӕ разӕй ахастой.
Бет-Хороны фахсыл уым дӕлӕмӕ куы фӕцӕйлыгъдысты израилӕгты разӕй, уӕд сыл Дунедарӕг уӕларвӕй стыр ихдуртӕ ӕппарын байдыдта суанг Азекайы онг, ӕмӕ мардысты. Ихдурты амӕттӕгтӕ фӕфылдӕр сты, израилӕгтӕ кардӕй кӕй фӕцагътой, уыдонӕй.
Йӕ къӕхтӕ ӕрттывтой, пецы чи сзынг, ахӕм ӕрхуыйау, Йӕ хъӕлӕс та нӕрыд стыр ӕхсӕрдзӕнау.
Ӕмӕ уӕларвы байгом ис Хуыцауы Кувӕндон, ӕмӕ дзы разынди Йӕ Фидыды Чырын. Арв нырттывта, ӕмӕ райхъуыст ӕрвнӕрды гыбар-гыбур, зӕхх нынкъуыст, ӕмӕ стыр их ныууарыд.
Самуел иууылсудзинаг нывонд куы хаста, уӕд филистимӕгтӕ ӕрбацӕйбырстой Израилмӕ. Уыцы бон Дунедарӕг филистимӕгты тыхджын ӕрвнӕрдӕй удаист фӕкодта, ӕмӕ дӕрӕнгонд ӕрцыдысты израилӕгты къухӕй.