Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Исайа 30:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 ӕмӕ дзурут, зӕгъгӕ, бӕхтыл алидздзыстӕм. Уӕдӕ алидздзыстут ӕцӕгдӕр! Дзурут, зӕгъгӕ, фӕтары уыдзыстӕм дугъон бӕхтыл. Гъемӕ уӕ фӕсте чи асура, уыдон уӕ баййафдзысты.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Исайа 30:16
20 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Иудейаг паддзахы бафиппайдтой ӕмӕ йӕ фӕсте асырдтой, баййӕфтой йӕ Йерихоны дӕлвӕзы. Йӕ хӕстонтӕ йӕ ныууагътой ӕмӕ фӕйнӕрдӕм фӕлыгъдысты.


Йе стыр хъаруйӕ дӕхицӕн ныфс бавӕрдзынӕ ӕмӕ йын дӕ куыст йӕ бар бакӕндзынӕ?


фыдгӕнӕгӕн та Дунедарӕг йӕ ныхмӕ у, зӕххыл ын фесафы йӕ кой дӕр.


Ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрины бын фӕци сӕ зӕхх, сӕ хӕзнатӕн ныккӕнӕн дӕр нал ис. Сӕ зӕхх нал зыны бӕхтӕй, сӕ тохуӕрдӕттӕ сты ӕнӕнымӕц.


Додой сӕ къона, Мысырмӕ ӕххуысагур чи цӕуы, се ’нӕнымӕц тохуӕрдӕттыл, сӕ тыхджын бӕхӕфсадыл йӕ зӕрдӕ чи дары, Израилы Уаз Хуыцаумӕ та йе ’ргом чи не здахы, Дунедарӕджы уынаффӕ чи нӕ агуры, уыдонӕн!


Мысырӕгтӕн нӕй Хуыцауимӕ абарӕн, уыдон адӕмӕй уӕлдай ницы сты, сӕ бӕхтӕ дӕр Уд нӕ, буар сты. Дунедарӕг сӕм Йӕ къух сисдзӕн, ӕмӕ фӕкӕлдзӕни сӕрылхӕцӕг, кӕй сӕрыл хӕца, уый дӕр афӕлдӕхдзӕн, ӕмӕ бабын уыдзысты иумӕ.


Иудейы паддзах Цедекиа ӕмӕ сӕ йе ’фсӕддонтӕ куы федтой, уӕд лидзӕг фесты. Ӕхсӕвы, паддзахы дыргъдоны дыууӕ сисы ’хсӕн цы кулдуар уыди, ууылты рацыдысты ӕмӕ Аравӕйы ’рдӕм араст сты.


Мӕнӕ мигъау ссӕуы, йӕ бӕхуӕрдӕттӕ — зилгӕ дымгӕйы ’нгӕс; цӕргӕстӕй тагъддӕр тӕхынц йӕ бӕхтӕ. О, додойаг фестӕм, не сӕфт ӕрцыди!


Рӕувад нӕ алидздзӕн, ӕмӕ тыхджын нӕ фервӕздзӕн. Фӕкӕлдзысты ӕмӕ зӕххыл ахаудзысты цӕгаты, Евфраты доны был.


Уыцы бон знӕгтӕ сахары сис басастой. Паддзахы дыргъдоны раз, дыууӕ сисы ’хсӕн, уыди кулдуар. Кӕд халдейӕгтӕ сахарыл ӕрхъула кодтой, уӕддӕр хӕстонтӕ ӕхсӕвы иууылдӕр уыцы кулдуары уылты сахарӕй ралыгъдысты ӕмӕ Аравӕйы ’рдӕм ацыдысты.


Цӕргӕсӕй тагъддӕр нӕ куы суры знаг, нӕ фӕдыл хӕхты, тыгъд быдырты зилы.


Ӕз федтон Дунедарӕджы. Уый лӕууыди нывондхӕссӕныл ӕмӕ загъта: «Цӕджындзы сӕр ныццӕв, къӕсӕртӕ куыд сӕнкъуысой, афтӕ, уадз ӕмӕ Кувӕндон адӕмыл ныккӕла. Чи ма дзы аирвӕза, уыдоны кардӕй ныццӕгъддзынӕн, иунӕг дӕр дзы нӕ алидздзӕн, ничи фервӕздзӕн.


Лахишы цӕрӕг, дӕ бӕхтӕ уӕрдоны сифтындз! Сионы чызгӕн йӕ тӕригъӕдтӕ дӕуӕй райдыдтой! Израилы фыдракӕндты аххосджын ды дӕ!


Сӕ бӕхтӕ — фыранчытӕй рогдӕр, ӕхсӕвы бирӕгътӕй хъӕхъхъагдӕр. Сӕ барджытӕ дугъӕй уайынц, дардӕй ӕрбатӕхынц, цыма цӕргӕс йӕ амӕттагмӕ тӕхы, уыйау.


Дунедарӕг уӕ лидзӕг фӕкӕндзӕни уе знӕгты разӕй: иу фӕндагыл сӕ ныхмӕ ралӕудзыстут, авд фӕндагыл та сӕ разӕй лидздзыстут. Уӕ хъысмӕтӕй ӕппӕт дунейы адӕмтӕ дӕр ныккӕрздзысты.


Дунедарӕджы фӕндӕй уыл арвы кӕронӕй цӕргӕсау сӕхи ныццӕвдзысты, се ’взаг дӕр кӕмӕн не ’мбардзыстут, ахӕм адӕм,


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ