12 Хъуымызбыл залымтӕ ӕфхӕрынц мӕ адӕмы, сылгоймӕгтӕ кӕнынц ӕлдариуӕг. Уӕ мӕ адӕм! Дӕ раздзӕуджытӕ дӕ рӕдийын кӕнынц, галиу фӕндагыл дӕ ардауынц.
Ахазиайы мад Атали йӕ лӕппуйы амӕлӕты хабар куы фехъуыста, уӕд бардзырд радта иудейаг паддзӕхты мыггаг сыскъуыныны тыххӕй.
Мӕ фӕндӕгтӕ мын сӕхгӕдтой, фыдбылыз мын цӕттӕ кӕнынц, ӕмӕ сӕ бауромӕг нӕй.
Бӕстӕйы хицау цас ӕдылыдӕр уа, уыйас адӕмы фылдӕр ӕфхӕры, фӕлӕ кӕрӕфдзинад ӕнӕуынон кӕмӕн у, уый хицауиуӕг бирӕ кӕндзӕн.
Додойаг у, йӕ паддзах ӕвӕлтӕрд лӕппу кӕмӕн у, йӕ уӕздӕттӕ ӕхсӕвӕй бонмӕ куывдты кӕм бадынц, уыцы бӕстӕ.
Дунедарӕг сын сӕ сӕрызонд фӕцӕуын кодта, ӕмӕ мысырӕгты галиу фӕндӕгтӕм аздӕхтой. Адӕм ӕнӕхъола цоппай кӕнынц, расыг лӕг йӕ омдзӕджы куыд фӕрабыр-бабыр кӕны, уыйау.
Хъуымызбылты сын скӕндзӕни фӕтӕгтӕ, сабитӕ сын суыдзысты хицӕуттӕ.
Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Йӕ адӕмы Мастисӕг: «Уӕ къухӕй уын фӕстӕмӕ исын Мӕ азар ӕмӕ Мӕ фыдӕхы нуазӕн. Нырӕй фӕстӕмӕ уын ӕй нал дӕтдзынӕн.
пехуымпартӕн сӕ рагуацтӕ мӕнг сты, се ’ххуысӕй сауджынтӕ хицауиуӕг кӕнынц, Мӕ адӕмӕн та уыдӕттӕ сты ӕхсызгон. Ӕмӕ ӕппӕт уыдӕтты фӕстӕ цы фӕуыдзыстут?
Дунедарӕг пехуымпарты тыххӕй афтӕ зӕгъы: «Мӕ адӕмы Мын рӕдийын кӕнынц, сабыр цардӕй сын зӕрдӕтӕ ӕвӕрынц, фӕлӕ сын сӕ гуыбынтӕ чи не ’фсады, уыдоны ныхмӕ расидынц хӕст.
Дӕ хӕстонтӕ тӕппуд сты сылгоймӕгтау. Дӕ бӕстӕйы кулдуӕрттӕ уӕрӕх байгом сты дӕ фыдгултӕн, се ’вдузӕнтӕ арты басыгъдысты.
Ныууадзут сӕ, уыдон сты куырмыты куырм фӕтӕгтӕ. Ӕмӕ куырм куырмы куы хона, уӕд дыууӕйӕ дӕр дзыхъхъы ныххаудзысты».
Сар уӕ сӕр, динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕ, дыдзӕсгӕмттӕ! Адӕмӕн Уӕларвон Паддзахады дуар ӕхгӕнут; уӕхӕдӕг дӕр ӕм нӕ цӕут ӕмӕ йӕм бацӕуын кӕй фӕнды, уыдоны дӕр нӕ уадзут.