9 Дистӕ кӕнут, фыр дисӕй бандзыг ут, уӕхи бакуырм кӕнут ӕмӕ куырмӕджы бадут! Ныррасыг стут, ӕрмӕст сӕнӕй нӕ; цудтытӕ кӕнут, ӕрмӕст карз нозтӕй нӕ.
Ӕрыхъус, арв, ӕрбайхъус, зӕхх! Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Схъомыл кодтон, схастон Ӕз фырттӕ, уыдон та сыстадысты Мӕ ныхмӕ!
Дунедарӕг сын сӕ сӕрызонд фӕцӕуын кодта, ӕмӕ мысырӕгты галиу фӕндӕгтӕм аздӕхтой. Адӕм ӕнӕхъола цоппай кӕнынц, расыг лӕг йӕ омдзӕджы куыд фӕрабыр-бабыр кӕны, уыйау.
«Додой дӕ къона, Ариел, Давид кӕм цардис, уыцы сахар! Рӕстӕг рацӕудзӕн, афӕдзы фӕдыл афӕдз, бӕрӕгбӕттӕ кӕрӕдзийы ивдзысты.
Дунедарӕг уыл тарф фынӕй бафтыдта, уӕ цӕстытӕ уын сӕхгӕдта, пехуымпартӕ, уӕ сӕртӕ уын батыхта, зонынджынтӕ.
Де ’фхӕрджытӕн бахӕрын кӕндзынӕн сӕхи фыд, бафсаддзынӕн сӕ сӕхи тугӕй, раст цыма ног сӕн бануӕзтой, афтӕ, ӕмӕ уӕд алчидӕр базондзӕн, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, дӕ Ирвӕзынгӕнӕг ӕмӕ дӕ Сӕрибаргӕнӕг, Йаковы хъомысджын Хуыцау».
Раст-ма, раст, Йерусалимы чызг, слӕуу дӕ къӕхтыл! Дунедарӕг дын радта Йӕ фыдӕхы нуазӕн. Ануӕзтай йӕ ӕмӕ, цудтытӕгӕнгӕ, фӕцӕйцыдтӕ дӕ адзалы фӕндагыл.
Мӕ адӕмы раздзӕуджытӕ иууылдӕр куырм сты, ницы ’мбарынц. Иууылдӕр сты гоби куыйтау — сӕ бон срӕйын дӕр нӕу. Хуыссын бирӕ уарзынц ӕмӕ сӕхи ауагътой, фынӕйӕ сӕнттӕ цӕгъдынц.
Уыцы адӕмӕн сӕ зонд баталынг кӕн, бакъуырма, бакуырм сӕ кӕн, цӕмӕй цӕстӕй мауал уыной, хъусӕй ма фехъусой ӕмӕ зондӕй ма бамбарой, цӕмӕй сӕ галиу фӕндаг ма ныууадзой ӕмӕ ма сдзӕбӕх уой».
Ӕмӕ уӕд фыр мӕстӕй Мӕ къӕхты бын ныссӕстон алы адӕмты, ныффалгӕрон сӕ кодтон ӕмӕ сын сӕ туг акалдтон зӕххыл».
Уӕд-иу сын зӕгъ: „Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: ацы зӕххӕн йе ’ппӕт цӕрджыты — Давиды бадӕны чи бады, уыцы паддзӕхты, сауджынты, пехуымпарты ӕмӕ Йерусалимы ӕппӕт цӕрджыты — се ’ппӕты дӕр Ӕз байдзаг кӕндзынӕн сӕнӕй, куыд ныррасыг уой, афтӕ.
Тӕрсут, уӕлӕрвтӕ, фыр тӕссӕй нырризут! — зӕгъы Дунедарӕг. —
Пехуымпарты тыххӕй. Мӕ зӕрдӕ фӕйнӕрдӕм тоны, ӕмризӕджы ризын! Дунедарӕджы уаз ныхӕсты тыххӕй расыгау сдӕн, цыма мыл сӕн фӕтых ис, уыйау!
Зӕгъ сын: «Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: нуазгӕ кӕнут ӕмӕ ныррасыг ут, сбухъ кӕнут ӕмӕ ахаут зӕххыл, кӕй уӕм ӕрвитын, уыцы карды раз уӕ бон сыстын куыннӕуал суа, афтӕ!»
Уыцы заман, — зӕгъы Дунедарӕг, — паддзӕхтӕ ӕмӕ уӕздӕттӕн фыр тӕссӕй сӕ зӕрдӕтӕ сӕнкъуысдзысты, сауджынтыл тас бахӕцдзӕн, пехуымпартӕ сагъдау аззайдзысты».
Дунедарӕджы къухы Вавилоны сахар уыди сыгъзӕрин кӕхц, ӕгас зӕхх дзы ныррасыг ис. Адӕмтӕ дзы сӕн нуӕзтой ӕмӕ сӕрра сты.
Цин кӕн, Едомы чызг, Уцы бӕстӕйы цӕрӕг! Фӕлӕ ды дӕр ӕнӕ ’фхӕрдӕй нӕ баззайдзынӕ! Ныррасыг уыдзынӕ, дӕ худинаг раргом кӕндзынӕ!
Акӕсут-ма адӕмтӕм лӕмбынӕг — стыр дисы уӕ бафтаудзысты. Уымӕн ӕмӕ уӕ заманы Ӕз ахӕм хъуыддаг сараздзынӕн, ӕмӕ уын рагацау исчи йӕ кой куы скодтаид, уӕд уӕ нӕ бауырныдтаид.
Уый фӕстӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм ӕрбаздӕхт ӕмӕ сын загъта: «Ныр дӕр ма фынӕй кӕнут ӕмӕ уӕ фӕллад уадзут? Мӕнӕ ӕрхӕстӕг ис, Адӕймаджы Фырты тӕригъӕдджынты къухмӕ кӕд ратдзысты, уыцы рӕстӕг.
Ӕртыккаг хатт дӕр та сӕм бацыди ӕмӕ сын загъта: «Ныр дӕр ма фынӕй кӕнут ӕмӕ уӕ фӕллад уадзут? Фаг у, рӕстӕг ӕрцыд: мӕнӕ Адӕймаджы Фырты тӕригъӕдджынты къухмӕ дӕттынц.
Ӕз федтон: сылгоймаг расыг уыди сыгъдӕджыты — Йесойы ӕвдисӕнты — тугӕй. Куы йӕ федтон, уӕд стыр дисы бафтыдтӕн.