Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Исайа 29:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Фӕлӕ ӕххормаг адӕймаг йӕ фыны йӕхи хӕргӕйӕ куыд фӕуыны, куы райхъал вӕййы, уӕд та сыдӕй куыд фӕмӕлы, дойныйӕ чи бастайы, уый йӕ фыны дон куыд фӕнуазы, куы райхъал вӕййы, уӕд та дойныйӕ куыд фӕцӕймӕлы, уыйау уыдзӕни сӕ хъысмӕт, Сионы хохы ныхмӕ чи схӕца, уыцы адӕмтӕн дӕр».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Исайа 29:8
10 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

ӕмӕ Дунедарӕг зӕды рарвыста. Уыцы зӕд Ассирийы паддзахӕн йӕ сахъ хӕстонтӕ, йе ’фсады хицӕуттӕ ӕмӕ йӕ фӕтӕгты се ’ппӕты дӕр ныццагъта. Ӕмӕ паддзах худинаджы гаккимӕ аздӕхти йӕ бӕстӕм. Иуахӕмы йӕ хуыцауы кувӕндонмӕ куы бацыд, уӕд ӕй уым йӕ фырттӕ кардӕй амардтой.


Дунедарӕгыл дарын мӕ зӕрдӕ, ӕнхъӕлмӕ кӕсы мӕ уд, Йӕ ныхасыл мӕ зӕрдӕ дарын.


Ӕрымыс Дӕ фидыд! Зӕххыл алы тар къуым дӕр байдзаг ис тыхмийӕ.


Лӕбургӕ уӕм чи кӕны — иууылдӕр худинаг ӕмӕ аллайаг фӕуыдзысты. Уемӕ чи быцӕу кӕны — заууатмӕ ӕрцӕудзысты ӕмӕ бабын уыдзысты.


Уӕ фыдгулты уӕ цӕсты кӕронӕй дӕр нал фендзыстут. Уӕ ныхмӕ чи хӕцы, уыдон зыбыты ницӕмӕ ӕрцӕудзысты.


Дӕсны куырд ӕфсӕйнаджы мур райсы, зынджытыл ӕй ӕртайын кӕны ӕмӕ йӕ дзӕбугӕй хойын райдайы. Йе ’ппӕт хъарутӕ йыл бахардз кӕны, бафӕллайы, бастайы, къӕбӕр ӕмӕ доны хъӕстӕ нӕ фӕвӕййы, цалынмӕ уыцы ӕфсӕйнаджы мурӕй фӕрӕт саразы, уӕдмӕ.


Дӕ ныхмӕ рацӕуыны охыл хӕцӕнгарз саразын дӕр никӕмӕнуал бантысдзӕн. Суанг тӕрхоны мидӕг дӕр дӕ зылынгӕнӕгӕн дӕхӕдӕг йӕхи базылын кӕндзынӕ. Ахӕм хъысмӕт саккаг кодтон Ӕз Мӕ лӕггадгӕнӕг адӕмӕн — Мӕхӕдӕг дзурдзынӕн сӕ сӕрыл ӕмӕ сӕ сраст кӕндзынӕн», — зӕгъы Дунедарӕг.


Хӕхты бӕрзӕндтыл фарны уац хӕссӕг рацӕуы. О, Иудей! Кӕн дӕ бӕрӕгбӕттӕ, ӕрхӕсс дӕ фидыды нывӕндтӕ! Ӕнӕхуыцӕуттӕ нал бацӕудзысты дӕ зӕхмӕ, уымӕн ӕмӕ се сӕфт ӕрцӕудзӕн.


Дӕ ныхмӕ рацыди дӕрӕнгӕнӕг! Дӕ фидӕрттӕ ӕмӕ дӕ фӕндӕгтӕ хъахъхъӕн, дӕ астӕу ӕрбабӕтт ӕмӕ дӕ тыхтӕ ӕрбамбырд кӕн.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ