7 Ӕнӕнымӕц адӕмты ’фсӕдтӕ тох кӕнынц Ариелы ныхмӕ, ӕрхъула йыл кодтой, йӕ фидӕрттӕм ын бырсынц — фынау, ӕхсӕвы фыдфынау ӕрбайсӕфдзысты уыдон.
Ӕрбайсӕфдзӕни фынау, ӕрбацыдӕр уыдзӕн ӕхсӕвы цӕстылуайӕнау.
Ӕрымыс Дӕ фидыд! Зӕххыл алы тар къуым дӕр байдзаг ис тыхмийӕ.
Изӕрӕй сыл фыд азар бафтдзӕн, ӕмӕ сӕ райсоммӕ иу дӕр нал баззайдзӕн. Ахӕм хъысмӕт кӕсы не стигъджытӕм, ахӕм амонд — царӕфтыд нӕ чи кодта, уыдонмӕ.
Уӕд ассириӕгты рӕсӕнуатмӕ бацыди Дунедарӕджы ӕрвыст удхӕссӕг ӕмӕ сӕ амардта сӕдӕ ӕстай фондз мин хӕстоны. Райсомӕй се ’ппӕты дӕр ссардтой мардӕй.
Ӕппӕт адӕмтӕ дӕр ницы сты Йӕ разы — ницыдзинадӕй, афтиддзинадӕй къаддӕрыл нымад сты Уымӕ.
Хӕхты бӕрзӕндтыл фарны уац хӕссӕг рацӕуы. О, Иудей! Кӕн дӕ бӕрӕгбӕттӕ, ӕрхӕсс дӕ фидыды нывӕндтӕ! Ӕнӕхуыцӕуттӕ нал бацӕудзысты дӕ зӕхмӕ, уымӕн ӕмӕ се сӕфт ӕрцӕудзӕн.
Дӕ ныхмӕ рацыди дӕрӕнгӕнӕг! Дӕ фидӕрттӕ ӕмӕ дӕ фӕндӕгтӕ хъахъхъӕн, дӕ астӕу ӕрбабӕтт ӕмӕ дӕ тыхтӕ ӕрбамбырд кӕн.
Уыцы бон Ӕз, Йерусалиммӕ цы адӕмтӕ бырстой, уыдоны се ’ппӕты дӕр ныццӕгъддзынӕн.