6 Уӕларвӕфсады Бардарӕг дыл Йӕ азар ныххуырсдзӕни ӕрвнӕрдау, зӕххӕнкъуыстау, ӕвирхъау тыхджын уынӕрау, уадтымыгъау, тыгъдызӕйау, алцы ныхъуырӕг артау.
Дунедарӕг ныннӕрыди уӕлӕрвты, Иууылбӕрзонды хъӕлӕс ныййазӕлыд — ихуард ӕмӕ зынджы стъӕлфӕнтӕ.
Ау, сӕ азым ӕнӕ ’фхӕрдӕй баззайдзӕн? О Хуыцау, Дӕ азары хай бакӕн адӕмты!
Тӕрхоны бон куы ралӕууа, дардӕй уӕм фыдбылыз куы фӕзына, уӕд чердӕм цы кӕндзыстут, ӕххуысагур кӕмӕ лидздзыстут? Кӕм бафснайдзыстут уӕ бирӕ исбон?
Дӕ фыдгултӕн сӕ мӕрдтӕ нӕ райгас уыдзысты, сӕ хӕрвӕгтӕ нӕ рацӕудзысты ингӕнтӕй, уымӕн ӕмӕ сӕ Ды быныскъуыд фӕкодтай, сӕ кой дӕр куыд никуыуал уа, афтӕ.
Дунедарӕг рацӕуы Йӕ цӕрӕнӕй, цӕмӕй зӕххы цӕрджыты сӕ фыдракӕндты тыххӕй бафхӕра. Зӕхх равдисдзӕн, цы туг ыл ныккалдӕуыд, уый, нал басусӕг кӕндзӕн йӕ мӕрдты.
Мӕнӕ сын Дунедарӕг сӕ ныхмӕ рарвитдзӕни тыхджын ӕфсад ӕмӕ сӕ уыдон бабын кӕндзысты тыгъдызӕй, ихуард ӕмӕ сӕфты тымыгъау, доны хъаймӕтау;
Уӕд ныййазӕлдзӕни Дунедарӕджы нӕргӕ хъӕлӕс; Йӕ хъомыс равдисдзӕни Йӕ фыр мӕстӕй пиллонкалгӕ арт, тыгъдызӕй ӕмӕ ихуарды хуызы.
Фыр тӕссӕй сӕ паддзах дӕр лидзӕг фӕуыдзӕн, йӕ дӕлдӕртӕ — ӕфсады хицӕуттӕ — ӕмризӕджы нырриздзысты иудейаг тырысайы уындӕй!» — зӕгъы Дунедарӕг, Сионы хохыл Йӕ арт Кӕмӕн судзы, Йӕ къона Йерусалимы Кӕмӕн ис, Уый.
Доны сӕрты ахизын уӕ куы хъӕуа, уӕд уыдзынӕн уемӕ, цӕугӕдӕтты сӕрты куы хизат, уӕд нӕ фӕдӕлдон уыдзыстут. Арты сӕрты хизгӕйӕ, уӕхи басудздзыстут ӕмӕ уӕ арт нӕ ацараудзӕн.
Ӕз ӕй бафхӕрдзынӕн емынӕйӕ ӕмӕ тугныккалдӕй. Йӕхиуыл дӕр ӕмӕ йын йе ’рдонгтыл дӕр, стӕй ма ноджыдӕр — йемӕ чи рацыд, йӕ уыцы бирӕ адӕмтыл дӕр ныккалдзынӕн хъаймӕты тыгъдызӕй, их дуртӕ ӕмӕ судзгӕ сондон.
Раввайы фиддӕрттыл арт бандзардзынӕн. Алырдыгӕй тохы хъӕртӕ хъуысдзысты, афтӕмӕй судздзысты йӕ галуантӕ, тымыгъы сӕм зилгӕ уад ӕрбабырсдзӕн.
Дунедарӕг Йӕ маст исынмӕ нӕ тагъд кӕны. Ӕгӕрон у Йӕ хъомыс, хӕрам митӕ ӕнӕ ’фхӕрдӕй нӕ ныууадзы. Уадтымыгъ ӕмӕ тыгъдызӕйы рацӕйцӕуы Дунедарӕг, ӕврӕгътӕ рыджы хуызӕн бассӕнды Йӕ къӕхты бын.
Ӕмӕ сымах, Ӕз дыууӕ хохы астӕу кӕй сараздзынӕн, уыцы дӕлвӕзыл лидздзыстут. Уый аххӕсдзӕни суанг Ацалы онг. Иудейаг паддзах Озиайы заман зӕххӕнкъуыстӕй куыд лыгъдыстут, афтӕ та лидздзыстут. Ӕмӕ уӕд фӕзындзӕни Дунедарӕг, мӕ Хуыцау, Йемӕ та — сыгъдӕджытӕ иууылдӕр.
Сыстдзысты адӕм адӕмы ныхмӕ ӕмӕ паддзахад паддзахады ныхмӕ, ранӕй-рӕтты скӕндзӕни стонг рӕстӕг, уыдзӕни зӕххӕнкъуыстытӕ.
Иу адӕм сыстдзӕнис иннӕйы ныхмӕ ӕмӕ паддзахад — паддзахады ныхмӕ, ранӕй-рӕтты уыдзӕни зӕххӕнкъуыстытӕ, стонг заман скӕндзӕнис. Ӕппӕт уыдӕттӕ, сылгоймаг аргӕ-арын цы хъизӕмӕрттӕ ӕвзары, уый ӕнгӕс сты.
Уыдзӕни стыр зӕххӕнкъуыстытӕ, ранӕй-рӕтты — стонг ӕмӕ фыдрынтӕ. Зӕххыл цӕудзӕн ӕвирхъау цаутӕ, стыр ӕвдисӕйнӕгтӕ раргом уыдзӕн уӕларвӕй.
Ӕмӕ уайтӕккӕ зӕхх тынг нынкъуысти, сахары дӕсӕймаг хай ныппырх. Зӕххӕнкъуысты фӕмард авд мин адӕймаджы. Иннӕты бацыд тас, ӕмӕ кад кодтой Уӕларвон Хуыцауӕн.
Ӕмӕ уӕларвы байгом ис Хуыцауы Кувӕндон, ӕмӕ дзы разынди Йӕ Фидыды Чырын. Арв нырттывта, ӕмӕ райхъуыст ӕрвнӕрды гыбар-гыбур, зӕхх нынкъуыст, ӕмӕ стыр их ныууарыд.
Арв цӕхӕртӕ калдта, ныггыбар-гыбур кодта, ӕмӕ зӕхх нынкъуысти. Зӕххыл адӕймаг куы фӕзынд, уӕдӕй нырмӕ ахӕм зӕххӕнкъуыст никуыма уыди.
Дунедарӕг ныссӕрфдзӕн Йӕ фыдгулты, уӕлӕрвтӕй сыл ныннӕрдзӕн. Дунедарӕг тӕрхонгӕнӕг у зӕххы цъарӕн йӕ иу кӕронӕй йӕ иннӕ кӕронмӕ. Уый Йӕ паддзахӕн йӕ тыхыл ӕфтауы, Йӕ байсӕрстӕн Уый хъомыс дӕтты».