3 Алырдыгӕй дыл ӕрхъула кӕндзынӕн, дӕ алыварс хӕцӕн мӕсгуытӕ сараздзынӕн, сыджытбырутӕ самайдзынӕн дӕ ныхмӕ.
Уӕддӕр Ассирийы паддзах Лахишӕй Езекиамӕ стыр ӕфсадимӕ арвыста йӕ барджынты: йе ’фсады хицауы, йӕ галуаны уагдары ӕмӕ йӕ хистӕр дзагдары. Уыдон Йерусалиммӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд ӕрлӕууыдысты, Чъырӕйцӕгъдӕджы быдырмӕ фӕндагыл уӕллаг цадӕй донвӕд кӕм рацӕуы, уыцы ран.
Уымӕ гӕсгӕ дын Дунедарӕг Ассирийы паддзахы тыххӕй афтӕ зӕгъы: уый ацы сахармӕ нӕ бацӕудзӕн, иу фат дӕр ыл не суадздзӕн, нӕ йӕм ӕрбаввахс уыдзӕн уартимӕ, йӕ ныхмӕ хӕцынмӕ сыджытбыру нӕ самайдзӕн.
Сионы чызг аззад сӕндоны халагъудау, цӕхӕрадоны мусонгау, знӕгтӕ кӕуыл ӕртыхстысты, уыцы сахарау.
Йӕ рахиз къухӕй Йерусалимы хал сисдзӕн. Йерусалимы раз ӕрӕвӕрдзӕн йӕ сисфӕлдахӕн гӕрзтӕ. Тохы хъӕр ныккӕндзӕн ӕмӕ сисфӕлдахӕн гӕрзтӕ байсдзӕн кулдуары цурмӕ, йӕ батонынмӕ. Сахары ныхмӕ самайдзӕн сыджытбыру ӕмӕ хӕцӕн мӕсыг сараздзӕн.
Паддзах смӕсты, йе ’фсад арвыста, уыцы лӕгмарты ныццагъта ӕмӕ сын сӕ сахар басыгъта.
Акалут ӕрмӕстдӕр, йӕ дыргъ хӕрынӕн кӕмӕн нӕ бӕззы, уыцы бӕлӕстӕ ӕмӕ сӕ спайда кӕнут сахары ныхмӕ, цалынмӕ басӕтта, уӕдмӕ.