Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Исайа 29:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Фӕлӕ Ӕз бауынгӕг кӕндзынӕн Ариелы; уый хъӕрздзӕни ӕмӕ дзыназдзӕни, нывондхӕссӕн Мын фестдзӕни!

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Исайа 29:2
19 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Мӕ зӕрдӕ уын нал исы уӕ мӕйногтӕ ӕмӕ уӕ иннӕ бӕрӕгбӕттӕ: уӕз Мыл кӕнынц, бафӕлладтӕн уыдӕттӕн быхсын.


Фыдгул ма Новы сахары фӕуыдзӕнис иу бон. Уырдыгӕй ӕртхъирӕн кӕндзӕни Сионы хохмӕ, Йерусалимы бӕрзӕндмӕ.


Изӕрӕй сыл фыд азар бафтдзӕн, ӕмӕ сӕ райсоммӕ иу дӕр нал баззайдзӕн. Ахӕм хъысмӕт кӕсы не стигъджытӕм, ахӕм амонд — царӕфтыд нӕ чи кодта, уыдонмӕ.


Туг ӕмӕ сой лӕдӕрсдзысты Дунедарӕджы кардӕй, фыстӕ ӕмӕ сӕгътӕ ’ргӕвдгӕйӕ куыд вӕййы, афтӕ. Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг кусарт кӕндзӕни Боцрайы сахары, бирӕ ӕргӕвстытӕ уыдзӕн Едомы зӕххыл.


Паддзах Езекиамӕ скъуыдтӕ дарӕсы ӕрбаздӕхтысты Хилкиайы фырт Елиаким — паддзахы галуаны бӕрнон, Шевна — нымӕрдар, Асафы фырт Йоах — азфыссӕг ӕмӕ йын Ассирийы паддзахы ныхӕстӕ рафӕзмыдтой.


Уыдон ын загътой: «Езекиа афтӕ зӕгъы: ацы бон нӕ Хуыцау бафхӕрдта нӕ тӕригъӕдты тыххӕй. Нӕ фыдох ӕмӕ нӕ худинаджы заман ралӕууыд. Арын афон ӕрхӕццӕ ис, фӕлӕ ныййарынӕн хъару нӕй.


Дунедарӕг йе знаг фестади, фесӕфта Израилы! Ныддӕрӕн кодта галуантӕ ’мӕ фидӕрттӕ; байдзаг кодта Иудейы зӕхх хъарӕгӕй, кӕуынӕй.


Уымӕ гӕсгӕ сыл Ӕз Мӕ маст ныккалдзынӕн, Мӕ масты пиллонӕй сӕ бабын кӕндзынӕн, сӕ митӕ сын сӕхи сӕрыл ныххуырсдзынӕн», — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.


Дӕуӕн та, адӕймаджы фырт, Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: алы мыггаг мӕргътӕ ӕмӕ сырдтӕн фехъусын кӕн: „Алырдыгӕй ӕрӕмбырд ут ӕмӕ ӕрбацӕут Мӕ нывондмӕ, Ӕз уын цы кусарт кӕнын, уымӕ, ӕрӕмбырд ут стыр куывдмӕ Израилы хӕхтӕм! Хӕрут дзидза ӕмӕ нуазут туг!


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ