19 Сӕрныллӕджытӕн Дунедарӕг ног циндзинад ӕрхӕсдзӕн, мӕгуыртӕн сӕ зӕрдӕ барайдзӕн Израилы Стыр Хуыцауы фӕрцы.
цӕмӕй ме знаг ма зӕгъа: «Фӕуӕлахиз ыл дӕн». Цӕмӕй фыдгултӕ ма ныццин кӕной, мӕнӕйуый нал ис, зӕгъгӕ.
Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг ауды Йӕ адӕмыл, скадджын кӕны сӕрныллӕгты, фервӕзын сӕ кӕны.
Ма мӕ фесаф тӕригъӕдджынтимӕ, тугмондаг чи у, уыдонимӕ!
Мӕ зӕрдӕ ризы, батади мӕ хъару, мӕ цӕсты рухс мынӕг кӕны.
Мӕрдтыбӕсты хай бауӕнт фыдгӕнджытӕ, Хуыцау кӕмӕй ферох, ӕппӕт уыцы адӕмтӕ.
Мӕгуыр адӕмӕн раст тӕрхон кӕндзӕн, зӕххыл цӕрӕг ӕфхӕрд адӕмӕн сӕ хъуыддӕгтӕ ӕвзардзӕни рӕстӕй. Йӕ дзырды цӕфӕй стӕрхон кӕндзӕн зӕххӕн, фыдгӕнӕджы Йӕ раулӕфтӕй фесафдзӕн!
Уӕд Мӕ адӕмы мӕгуырдӕртӕ хӕринагӕй бафсӕддзысты, гӕвзыччытӕ ӕдас ӕмӕ ӕнӕмӕтӕй цӕрдзысты. Сымах та Хуыцау сыдӕй амардзӕн, чи ма уӕ баззайа, уыдоны та ныццӕгъддзӕн.
Уӕдӕ цы дзуапп раттын хъӕуы ацы адӕмы минӕвӕрттӕн? Уыдонӕн зӕгъын хъӕуы, Сион сфидар кодта Дунедарӕг, ӕмӕ дзы Йӕ адӕмы мӕгуыртӕ сӕ сӕртӕ бафснайдзысты, зӕгъгӕ».
Мӕгуыргуртӕн, ӕдзухъомтӕн сӕ тыхсты заман Ды — се ’мбӕхсӕн: тыгъдызӕйӕ сӕ хъахъхъӕдтай, ӕнтӕфы-иу сын аууон фестадтӕ. Тыхгӕнджыты улӕфт — ӕнгом быруйыл хи ныххуырсӕг уадау;
Ныр къӕхты бын ныцци — цӕуынц ыл къахӕй мӕгуыртӕ, гӕвзыччытӕ».
Дунедарӕг адӕмы хистӕрты ӕмӕ ӕлдӕртты азымджын кӕндзӕни: «Мӕ сӕндон Мын ныггӕныстон кодтат. Мӕгуырты исбон бастыгътат ӕмӕ дзы уӕ къӕбицтӕ байдзаг кодтат.
Чи уын радта уыцы бар, ӕмӕ Мын Мӕ адӕмы ӕфхӕрат, мӕгуырты удхарӕй марат?» — зӕгъы Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг.
Афтӕ зӕгъы Бӕрзонд, Кадджын, Мыггагмӕцӕрӕг, Уаз Чи хуыйны, Уый: «Ӕз цӕрын уаз бӕрзӕндты, фӕлӕ ма ноджы — састзӕрдӕтимӕ ӕмӕ сӕрныллӕгтимӕ. Састзӕрдӕтӕн раттын ныфс, сӕрныллӕгтӕн сӕ зӕрдӕтӕ райгас кӕнын.
Мӕныл ис Дунедарӕг Хуыцауы Уд, уымӕн ӕмӕ Мӕ Хуыцау байсӕрста мӕгуыртӕн фарны уац фехъусын кӕнынмӕ, састзӕрдӕты сдзӕбӕх кӕнынмӕ, уацайрӕгтӕ ӕмӕ ахӕстытӕн, се ссӕрибары рӕстӕг кӕй ралӕууыд, уый зӕгъынмӕ.
Цинӕй райӕм, цин кӕнӕм Дунедарӕгыл, нӕ Хуыцауыл. Ирвӕзындзинадӕй нӕ дарӕсау сфӕлыста, рӕстдзинадӕй нӕ ’рбатыхта пӕлӕзау. Афтӕ усгурыл дӕр кады худ ӕркӕнынц, йӕ усагыл — чындзы фӕлыст.
Ӕз Мӕхи къухӕй сфӕлдыстон алцы, афтӕмӕй фӕзындысты ӕппӕт уыдӕттӕ! — зӕгъы Дунедарӕг. — Састзӕрдӕ ӕмӕ сӕрныллӕг, Мӕ ныхасмӕ тӕрсгӕ-ризгӕйӕ чи хъусы, уый Мын у адджын.
Ды та, Даниил, бамбӕхс ацы дзырдтӕ ӕмӕ фӕстаг заманмӕ ацы чиныг сӕхгӕн, уымӕн ӕмӕ фӕстаг заманы бирӕтӕ сдзӕгъӕл уыдзысты, ӕмӕ фыдбылыз сарӕх уыдзӕн».
уӕд дӕр ӕз цин кӕндзынӕн Дунедарӕгыл, мӕ зӕрдӕ райдзӕнис Хуыцауӕй, мӕ Ирвӕзынгӕнӕгӕй.
Зӕххыл сӕрныллӕгӕй чи цӕры ӕмӕ Йын Йе ’гъдӕуттӕ чи ӕххӕст кӕны — агурут Дунедарӕджы! Рӕстдзинад уарзгӕйӕ цӕрут, сӕрныллӕг ут ӕмӕ, чи зоны, Дунедарӕджы азары бон фыдбылызӕй хызт уаиккат.
Сӕвӕрут уӕ уӕлӕ Ме ’фсондз ӕмӕ сахуыр ут Мӕнау фӕлмӕн ӕмӕ сӕрныллӕг уӕвын, ӕмӕ уӕд удӕнцой ссардзыстут.
куырмытӕ райдыдтой уынын, цӕнкуылтӕ — цӕуын, хъотырджынтӕн сӕ низ сӕфы, къуырматӕ хъусынц, мӕрдтӕ ӕгас кӕнынц, мӕгуыртӕ хъусынц Фарны Уац.
Тӕхудиаг сты, Хуыцауы сӕраппонд мӕгуыр чи у, — Уӕларвон Паддзахад уыдоны у.
Тӕхудиаг сты сӕрныллӕгтӕ — зӕхх сӕ хай бауыдзӕн.
Кӕддӕриддӕр ут сӕрныллӕг, ӕвӕлмас; уарзгӕйӕ быхсут кӕрӕдзийы хъуагдзинӕдтӕн.
Иудадзыг цин кӕнут, уымӕн ӕмӕ сымах Бардарӕг Йесоимӕ иу стут; ӕмӕ ма уын ноджыдӕр зӕгъын — цин кӕнут.
Уымӕ гӕсгӕ ныууадзут алы чъизи ми, алы фыдӕх; ӕвӕлмасӕй кӕсут Хуыцауы ныхасы коммӕ. Уыцы ныхас байтыдӕуыд уӕ зӕрдӕты, ӕмӕ йӕ бон у уӕ фервӕзын кӕнын.
Мӕгуыр ӕфсымӕр ӕппӕлӕд, Хуыцау ӕй бӕрзонд кӕй сӕвӕрдта, уымӕй.
Байхъусут, мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ. Дунейы цӕсты гӕвзыкк чи у, уыдоны Хуыцау, мыййаг, нӕ сӕвзӕрста уырнындзинадӕй сӕ схъӕздыг кӕнынмӕ ӕмӕ сӕ Йӕ Паддзахадмӕ бахонынмӕ? Уыцы Паддзахадӕй Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта, чи Йӕ уарзы, уыдонӕн.