Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Исайа 29:17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 Хӕрз чысыл рӕстӕг ма, ӕмӕ Ливаны хъӕд фестдзӕни дыргъдон, дыргъдон та фестдзӕни хъӕд.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Исайа 29:17
24 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ау, ӕнусмӕ нӕм мӕсты кӕндзынӕ? Иу фӕлтӕрӕй иннӕмӕ судздзӕни Дӕ маст?


цалынмӕ ныл Дунедарӕг бӕрзондӕй Йӕ Уды арфӕ не ’руадза, уӕдмӕ. Ӕмӕ уӕд ӕдзӕрӕг быдыр фестдзӕни дыргъдон, дыргъдон та хъӕды хуызӕн суыдзӕн.


Ӕдзӕрӕг быдыры ныссадздзынӕн кедртӕ, акъацитӕ, миртытӕ, оливӕ бӕлӕстӕ, тыгъд быдыры — кипаристӕ, цымтӕ ӕмӕ тӕрс бӕлӕстӕ,


Ныззаууат уыдзӕни, налдӕр ӕй ӕхсӕдгӕ кӕндзысты, налдӕр ын йӕ зӕхмӕ зилдзысты. Каконтӕ ӕмӕ сындзыты бынӕй зынгӕ дӕр нал кӕндзӕни. Ӕз бардзырд ратдзынӕн мигътӕн, къӕвда йыл мауал ӕруадзут, зӕгъгӕ».


Сындзкъутӕры бӕсты ӕрзайдзӕни кипарис, пысырайы бӕсты та — мирт. Ӕмӕ уый уыдзӕни Дунедарӕджы кадӕн, уыдзӕни мыггагмӕйы ӕвдисӕйнаг, ӕнӕфехалгӕ нысан.


Ацы зӕхх бирӕ рӕстӕг нӕ уыди Дӕ адӕмы исбон, уымӕн ӕмӕ Дын фыдгултӕ фӕчъизи кодтой Дӕ Кувӕндон.


Уымӕн ӕмӕ израилӕгтӕ бирӕ рӕстӕг баззайдзысты ӕнӕ паддзахӕй, ӕнӕ ӕлдарӕй ӕмӕ ӕнӕ нывондӕй; ӕнӕ нывондхӕссӕнӕй, ӕнӕ ефодӕй, ӕнӕ хӕдзарон хуыцаугондӕй.


Сымах тыххӕй Сион быдырау бахуым кӕндзысты, Йерусалим дуррӕдзӕгъдтӕ фестдзӕни, Кувӕндон цы хохыл лӕууы, уый та бӕлӕсты бын фӕуыдзӕни.


Ацы цӕстылуайӕн баст у фидӕнимӕ, фӕстаг заманимӕ, ӕнӕ ’рцӕугӕ йын нӕй. Уайтагъд куы не ’рцӕуа, уӕддӕр ӕм ӕнхъӕлмӕ кӕс, уымӕн ӕмӕ сӕххӕст уыдзӕн бӕлвырд».


Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: рӕхджы ма Ӕз ноджы иу хатт нынкъусдзынӕн арв ӕмӕ зӕхх, денджыз ӕмӕ сурзӕхх.


Фӕлӕ фыццӕгтӕй бирӕтӕ суыдзысты фӕстӕгтӕ, фӕстӕгтӕй та — фыццӕгтӕ.


Уымӕ гӕсгӕ уын зӕгъын: Хуыцауы Паддзахад сымахӕй ист ӕрцӕудзӕн ӕмӕ, пайда чи дӕтты, уыцы адӕмӕн ӕй рардӕуыдзӕн.


Уымӕн ӕмӕ «бирӕ нал хъӕуы, хӕрз гыццыл рӕстӕг ма, ӕмӕ, ӕрцӕуинаг Чи у, Уый ӕрцӕудзӕн, нӕ бафӕстиат уыдзӕн.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ