14 Уӕдӕ сын Ӕз дӕр бакӕндзынӕн ӕнӕфенгӕ митӕ, — сӕ куырыхонтӕн фесӕфдзӕни сӕ уӕлзонд, се ’мбаргӕтӕн фӕцыдӕр уыдзӕн сӕ зонд».
Уый уынаффӕгӕнджытӕн сӕ сӕрызонд фесафы, тӕрхонгӕнджыты сӕдылы кӕны.
Ӕгӕр зондджынтӕн сӕ хинтӕ сӕхи ныхмӕ саразы, хинӕйдзӕгтӕн сӕ фӕндтӕ фехалы.
Дунедарӕг Сионы хох ӕмӕ Йерусалимы ныхмӕ цы сфӕнд кодта, уый куы сӕххӕст кӕна, уӕд Ассирийы паддзахы бафхӕрдзӕн, сӕрбӕрзонд кӕй сси ӕмӕ иннӕтӕм ӕнӕввӕрсон цӕстӕй кӕсы, уый тыххӕй.
Сӕ сӕрӕн нал уыдзысты мысырӕгтӕ, сӕ фӕндтӕ сын ныссуйтӕ кӕндзынӕн. Уынаффӕгур фӕрсдзысты гуымирыты, мӕрдты монты, мӕрдтӕмсидджыты ӕмӕ дӕсныфӕрсджыты.
Дунедарӕг уыл Йӕ бӕллӕх ӕруадздзӕн, кӕддӕр Перацимы хохыл кӕнӕ Гивоны уӕлвӕзыл Йӕ адӕмы знӕгтӕн куыд бакодта, афтӕ, цӕмӕй ӕмбисонды хъуыддӕгтӕ сараза.
Мӕнгпехуымпарты Ӕз багӕды кӕнын, дӕсныфӕрсджытӕй ӕдылытӕ аразын, куырыхонтӕн сӕ зонд сафын.
О Дунедарӕг, цӕмӕн нӕ бауагътай Дӕ фӕндаджы иувӕрсты ацӕуын? Цӕмӕн ӕруагътай уый, ӕмӕ Дыл нӕ зӕрдӕ сивӕм, мауал Дӕ тӕрсӕм? Ӕркӕс нӕм, Дӕ цагъартӕм, Дӕхи адӕммӕ!
Бафхӕрдзынӕн сӕ сӕхи ӕмӕ сӕ фыдӕлты азымы тыххӕй. Уыдон хӕхтӕ ӕмӕ уӕлвӕзтыл сыгътой буд ӕмӕ Мын уымӕй ӕгад кодтой Мӕ ном. Гъемӕ ныр ӕфхӕрд баййафдзысты се ’ппӕт хъуыддӕгты тыххӕй дӕр». Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг.
Ӕз ацы ран Иудей ӕмӕ Йерусалимӕн сӕ фӕндтӕ ӕнӕпайда фӕкӕндзынӕн, се знӕгты раз сӕ кардӕй ныццӕгъддзынӕн, сӕ мӕлӕтмӕ чи бӕллы, уыдоны къухтӕй. Сӕ мӕрдтӕ сын уӕларвон мӕргътӕ ӕмӕ зӕххон сырдтӕн холыйӕн ратдзынӕн.
Уӕларвӕфсады Бардарӕг едомӕгты тыххӕй афтӕ зӕгъы: «Ау, Теманы иу куырыхон нал ис, ӕмбаргӕтӕн бынтон фӕцыд сӕ зонд? Уӕлзонд скадавар?
Уыцы бон, — зӕгъы Дунедарӕг, — Ӕз ныццӕгъддзынӕн Едомы куырыхонты, Исавы хохыл — зондджынты.
Акӕсут-ма адӕмтӕм лӕмбынӕг — стыр дисы уӕ бафтаудзысты. Уымӕн ӕмӕ уӕ заманы Ӕз ахӕм хъуыддаг сараздзынӕн, ӕмӕ уын рагацау исчи йӕ кой куы скодтаид, уӕд уӕ нӕ бауырныдтаид.
Ӕз уын зӕгъын: бирӕ пехуымпартӕ ӕмӕ паддзӕхты фӕндыд, сымах цы уынут, уый фенын, фӕлӕ йӕ нӕ федтой ӕмӕ, сымах цы хъусут, уый фехъусын, фӕлӕ йӕ нӕ фехъуыстой».
Хуыцауы базонын сӕ кӕй нӕ бафӕндыд, уымӕ гӕсгӕ сӕ Хуыцау сӕ галиу зонды ӕвджид ныууагъта, ӕмӕ, цы не ’мбӕлы, уый кӕнынц.
Уымӕн ӕмӕ ацы дунейы зонд Хуыцауы цӕсты ӕнӕзонддзинад у, Сыгъдӕг Фыст куыд зӕгъы, афтӕ: «Зондджынтӕн сӕ хинтӕ сӕхи ныхмӕ фӕкӕны».