Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Исайа 29:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Кӕсын чи нӕ зоны, ахӕммӕ йӕ куы раттынц, ды-ма йӕ бакӕс, зӕгъгӕ, уӕд уый та фӕзӕгъы: «Ӕз кӕсын нӕ зонын».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Исайа 29:12
8 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Сымахӕн цавӕрфӕнды рагуац дӕр мыхуырӕй ӕхгӕд чиныджы хуызӕн у. Ахӕм чиныг, кӕсын чи зоны, уымӕ куы раттынц, бакӕс-ма йӕ, зӕгъгӕ, уӕд уый фӕзӕгъы: «Нӕй йын кӕсӕн, мыхуырӕй ӕхгӕд у».


Дунедарӕг загъта: «Ацы адӕм Мын кад кӕнынц дзыхы ныхасӕй, ӕрмӕстдӕр се ’взагӕй, сӕ зӕрдӕ та дард у Мӕнӕй. Кувынц Мӕм, ӕрмӕст ӕгъдау афтӕ кӕй домы, уымӕн.


Уыцы бон къуырматӕ фехъусдзысты тухгӕ чиныджы ныхӕстӕ, куырмыты цӕстытыл нал баддзӕн фӕлм, ӕмӕ суындзысты.


Ацы ӕвдисӕндар дзӕбӕх батух, ацы зондамындыл мыхуыр сӕвӕр Мӕ ахуыргӕнинӕгты раз».


Ӕз мӕхинымӕр загътон: «Уыдон мӕгуыр ӕмӕ ӕнӕзонд сты, Дунедарӕджы фӕндаг ӕмӕ сӕ Хуыцауы Ӕгъдау нӕ зонынц. Стыр ӕлдӕрттӕ та сӕ зонынц, цӕуон ӕмӕ семӕ ныхас кӕнон. Фӕлӕ уыдон дӕр ныппырх кодтой се ’фсондз, атыдтой сӕ рӕхыстӕ.


Бындзагъд фӕуыдзысты Мӕ адӕм, фаг кӕй не ’мбарынц, уый тыххӕй. Сауджынтӕ, исты бамбарын уӕ кӕй нӕ бафӕндыд, уый тыххӕй уыл Ӕз мӕхи атигъ кӕндзынӕн. Сымах уӕ Хуыцауы Ӕгъдау куыд ферох кодтат, афтӕ уын Ӕз дӕр уӕ цоты рохуаты ныууадздзынӕн.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ