10 Дунедарӕг уыл тарф фынӕй бафтыдта, уӕ цӕстытӕ уын сӕхгӕдта, пехуымпартӕ, уӕ сӕртӕ уын батыхта, зонынджынтӕ.
Уӕдӕ сын Ӕз дӕр бакӕндзынӕн ӕнӕфенгӕ митӕ, — сӕ куырыхонтӕн фесӕфдзӕни сӕ уӕлзонд, се ’мбаргӕтӕн фӕцыдӕр уыдзӕн сӕ зонд».
Уыдон зонынджынтӕн фӕзӕгъынц, мауал, дам, дзурут рагуацтӕ, пехуымпартӕн та — мауал, дам, нын хъусын кӕнут рагацау рӕстдзинад, кӕнут нын козбау ныхӕстӕ, дзурут нын зӕрдӕхцон цӕстылуайӕнтӕ.
Уӕ фыдӕл Йаков дӕр ракодта тӕригъӕд, уӕ раздзӕуджытӕ рацыдысты Мӕ ныхмӕ.
Ахӕмтӕ ӕппындӕр ницы зонынц ӕмӕ ӕмбарынц: Уый сын сӕхгӕдта сӕ цӕстытӕ, цӕмӕй ма уыной, сӕ зӕрдӕтӕ — цӕмӕй ма хатой.
Уыцы заман, — зӕгъы Дунедарӕг, — паддзӕхтӕ ӕмӕ уӕздӕттӕн фыр тӕссӕй сӕ зӕрдӕтӕ сӕнкъуысдзысты, сауджынтыл тас бахӕцдзӕн, пехуымпартӕ сагъдау аззайдзысты».
Куырмытау ныр куы хъеллау кӕнынц уынгты, сӕхи фӕчъизи кодтой тугӕй! Сӕ дарӕсыл сын ничи уӕнды андзӕвын.
Пехуымпар сайды куы фӕуа, ӕмӕ йын цыма Ӕз, Дунедарӕг, афтӕ бацамыдтон, уыйау уыцы адӕймагӕн исты куы зӕгъа, уӕд пехуымпармӕ дӕр Мӕ къух сисдзынӕн, Мӕ адӕмы, Израилы ’хсӕнӕй йӕ фесафдзынӕн.
Афтӕмӕй та уыдон пехуымпартӕн дзырдтой: «Рагуацтӕ мауал хъусын кӕнут, мах нӕ фӕхудинаг уыдзыстӕм!»
Байхъусут, Йаковы ӕлдӕрттӕ, Израилы хӕдзары фӕтӕгтӕ! Сымах хъуамӕ, рӕстдзинад цы у, уый ма зонат?
Уый тыххӕй сӕм цӕстылуайӕнты бӕсты ӕнхъӕлмӕ кӕсы тар ӕхсӕв, рагуацты бӕсты — саудалынг. Хур сыл баталынг уыдзӕн, боны рухс нал фендзысты.
Сыгъдӕг Фыст куыд зӕгъы, афтӕ: «Хуыцау сӕ скодта ӕнӕмбаргӕ, ӕмӕ абоны онг дӕр цӕстӕй нӕ уынынц ӕмӕ хъусӕй нӕ хъусынц».
Ацы дунейы хуыцау уыцы ӕнӕуырнджыты бакуырм кодта, ӕмӕ нӕ уынынц Чырыстийы, Хуыцауы Халдихы, кадылдзурӕг Фарны Уацы тӕмӕнкалгӕ рухс.
Давид Саулы нывӕрзӕны ’рдыгӕй арц ӕмӕ доны дурын райста, ӕмӕ ацыдысты. Ничи ницы федта, ничи ницы бафиппайдта, нӕдӕр Саул райхъал ис, нӕдӕр йӕ адӕмӕй исчи, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг се ’ппӕтыл дӕр тарф фынӕй бафтыдта.
(Раздӕр-иу Израилы исчи Хуыцауы фӕндон базонынмӕ куы цыд, уӕд-иу афтӕ дзырдтой: «Цом зонынджынмӕ», уымӕн ӕмӕ, ныр пехуымпар кӕй хонынц, уый раздӕр зонынджын хуыдтой.)