Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Исайа 29:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 «Додой дӕ къона, Ариел, Давид кӕм цардис, уыцы сахар! Рӕстӕг рацӕудзӕн, афӕдзы фӕдыл афӕдз, бӕрӕгбӕттӕ кӕрӕдзийы ивдзысты.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Исайа 29:1
17 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Давид ӕрцарди фидары, Давиды сахар ӕй схуыдта ӕмӕ йын Миллойӕ мидӕмӕ, фидары онг, йӕ алыварс бӕстыхӕйттӕ сарӕзта.


Дунедарӕг загъта: «Ацы адӕм Мын кад кӕнынц дзыхы ныхасӕй, ӕрмӕстдӕр се ’взагӕй, сӕ зӕрдӕ та дард у Мӕнӕй. Кувынц Мӕм, ӕрмӕст ӕгъдау афтӕ кӕй домы, уымӕн.


Дистӕ кӕнут, фыр дисӕй бандзыг ут, уӕхи бакуырм кӕнут ӕмӕ куырмӕджы бадут! Ныррасыг стут, ӕрмӕст сӕнӕй нӕ; цудтытӕ кӕнут, ӕрмӕст карз нозтӕй нӕ.


Фыр тӕссӕй сӕ паддзах дӕр лидзӕг фӕуыдзӕн, йӕ дӕлдӕртӕ — ӕфсады хицӕуттӕ — ӕмризӕджы нырриздзысты иудейаг тырысайы уындӕй!» — зӕгъы Дунедарӕг, Сионы хохыл Йӕ арт Кӕмӕн судзы, Йӕ къона Йерусалимы Кӕмӕн ис, Уый.


Сӕ бӕрӕгбӕтты — хъисфӕндыртӕ, дыууадӕстӕнонтӕ, далатӕ, уадындзтӕ ӕмӕ сӕн, Дунедарӕг цы аразы, уымӕ та нӕ кӕсынц, Йӕ хъуыддӕгтыл Ын нӕ хъуыды кӕнынц.


Сымах та иуӕрдыгӕй Мӕнӕн гал ӕргӕвдут, иннӕрдыгӕй та уӕ гуымирыйӕн адӕймаг-нывонд хӕссут. Иуӕрдыгӕй Мӕнӕн фыс кусарт кӕнут, иннӕрдыгӕй та куыдзы ӕфцӕг сӕттут. Иуӕрдыгӕй Мӕнӕн хуын хӕссут, иннӕрдыгӕй та хуыйы хъуырӕй туг уадзут. Иуӕрдыгӕй Мӕнӕн буд судзут, иннӕрдыгӕй та уӕ хуыцаугондӕн табу кӕнут. Равзӕрстат уӕхи фӕндӕгтӕ, уӕ зӕрдӕ рухс кӕны уе ’лгъаг митӕй.


Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: «Уӕ иннӕ нывӕндтимӕ-иу иууылсудзинӕгтӕ дӕр хӕссут ӕмӕ дзидза хӕрут.


Сӕ фысвос ӕмӕ се стуртимӕ Дунедарӕджы агурӕг зилдзысты, фӕлӕ Йӕ не ссардзысты, уымӕн ӕмӕ сӕ Уый ныууадздзӕни.


Нывӕндтӕ мын ӕрхӕссынц ӕмӕ сын сӕ дзидза хӕрынц, фӕлӕ сын сӕ Дунедарӕг нӕ айсы. Уый сын ӕрхъуыды кӕндзӕн сӕ тӕригъӕдтӕ, бафхӕрдзӕн сӕ, ӕмӕ Мысырмӕ раздӕхдзысты.


Дунедарӕджы номыл нал ӕркалдзысты сӕн, сӕ нывӕндтӕ Йын нал уыдзысты ӕхцон, хӕрнӕджы хойрагау суыдзысты — чи дзы фӕхъӕстӕ уа, уый фӕчъизи уыдзӕн. Сӕ хойраг ӕрмӕст — сӕхи бафсадынӕн, Дунедарӕджы размӕ йын хӕссӕн нӕй.


Мӕнӕ Дунедарӕджы бӕрӕгбӕттӕ, уазӕмбырдтӕ. Бӕрӕг кӕнын сӕ хъӕуы бӕлвырд афонты.


Фидӕны хорзӕхтӕн Ӕгъдау у ӕрмӕстдӕр сӕ фӕлгонц — уый ӕцӕг хорзӕх нӕу. Уымӕ гӕсгӕ Ӕгъдауы бон уый нӕу, ӕмӕ, афӕдзӕй-афӕдзмӕ уыцы иудадзыг нывӕндтӕ чи хӕссы, уыдоны ӕнаипп фестын кӕна.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ