6 Тӕрхоны лӕгтӕн Уый суыдзӕни раст тӕрхоны Уд, адӕмы раздзӕуджытӕн — ныфс, цӕмӕй сӕ фыдгулты сӕ сахарты кулдуӕрттӕй сӕ уӕлныхты айсой.
Ӕппӕт Израилы адӕмыл дӕр айхъуысти паддзахы тӕрхоны хабар, ӕмӕ йын аргъуыц кӕнын райдыдтой, уымӕн ӕмӕ федтой, Хуыцауы уӕлзондӕй хайджын тӕрхонгӕнӕг кӕй у, уый.
Адӕмы сӕргъы сӕвӕрдта ӕфсады хицӕутты, ӕрӕмбырд сӕ кодта фӕзы, сахары кулдуары раз, ӕмӕ сын ныфсытӕ ӕвӕрдта:
Ассирийы паддзахӕн йӕ хъомыс у адӕймаджы хъомыс, махӕн та немӕ ис Дунедарӕг, нӕ Хуыцау. Уый нын ӕххуысгӕнӕг уыдзӕн ӕмӕ нӕ сӕрвӕлтау тох кӕндзӕни». Иудейаг паддзах Езекиайы ныхас адӕмы зӕрдӕты стыр ныфс бауагъта.
Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Корахы фыртты псалом.
Паддзах тӕрхон кӕнынмӕ куы ’рбады, уӕд йӕ цӕстӕнгасӕй алы ’взӕрдзинад дӕр дымгӕмӕ ныддары.
Мӕгуыргуртӕн, ӕдзухъомтӕн сӕ тыхсты заман Ды — се ’мбӕхсӕн: тыгъдызӕйӕ сӕ хъахъхъӕдтай, ӕнтӕфы-иу сын аууон фестадтӕ. Тыхгӕнджыты улӕфт — ӕнгом быруйыл хи ныххуырсӕг уадау;
Цытджын у Хуыцау, уӕлӕрвты цӕрӕг! Сионы хохыл ӕрфидар кӕндзӕн Йӕ раст тӕрхон.
Афтӕмӕй Дунедарӕг се ’лгъаг чъизитӕ ӕрӕхсдзӕни Сионы чызджытӕн, Йӕ арттӕрхоны фӕрцы Йерусалимы сахар йӕ тугтӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кӕндзӕн.
Уӕд Иудӕйы фӕтӕгтӕ сӕхинымӕр зӕгъдзысты: «Йерусалимы цӕрджытӕ тыхджын сты Уӕларвӕфсады Бардарӕджы, сӕ Хуыцауы, руаджы».
Хуыцау Кӕй рарвыста, Уый Хуыцауы ныхӕстӕ дзуры, уымӕн ӕмӕ Хуыцау Йӕ Удӕй барстӕй нӕ дӕтты.
Мӕнӕн Мӕхи фӕндӕй мӕ бон саразын ницы у. Куыд загъд Мын уыди, афтӕ тӕрхон кӕнын, ӕмӕ Мӕ тӕрхон раст у, уымӕн ӕмӕ, Мӕхи цы фӕнды, уый нӕ кӕнын, фӕлӕ, Мӕ Рарвитӕджы цы фӕнды, уый.
Иуӕн уд йӕ ныхасы бавӕры уӕлзонд, иннӕмӕн — зонынад,
Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, хӕстмӕ уемӕ цӕуы, цӕмӕй уе знагыл фӕуӕлахиз уат“.
Фӕдзӕхсын дын: фидар лӕуу ӕмӕ ма фӕтас, ӕппындӕр мацӕмӕй тӕрс — цыдӕриддӕр аразай, уым демӕ уыдзӕни Дунедарӕг, дӕ Хуыцау».